IRON ARGHAW
925 subscribers
1.15K photos
403 videos
362 files
305 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
- Мæнæ ма ам æрлæуу, æз де рагъмæ сгæпп кæнон æмæ бирæгъмæ акæсон, кæддæра ма уым ис!
Баууæндыд та фыр ацы хатт дæр рувасыл. Куыд ын загъта, афтæ бакодта: цар цы ран фегом, уый бынмæ бауад. Рувас йе рагъмæ сгæпп кодта, уырдыгæй - хуынкъмæ æмæ федде ис. Йæхæдæг бынмæ æркаст æмæ фырмæ æрдзырдта: «Фыс уыдтæ æмæ фысæй баззадтæ... Мæ сайд фæу...»

#аргъау
#бырнацтыбарон
кæнын райдыдтой.
Халæттæ схъуахъхъ-хъуахъхъ кодтой:
— Мах хуызæн зæрдиагæй уæ ничи архайы. Мах дæр сымах хуызæн зивæг куы кæниккам, уæд афонмæ хыз дæр æмæ мах не 'ппæт дæр зæхмæ æрхауиккам!
Бæлæттæ уый куы фехъуыстой, уæд рамæсты сты.
— Ныууадзут, халæттæ! — загътой уыдон. — Уæхицæй цы æппæлут? Мах сымахæй тынгдæр куы архайæм!
Уæд иннæ мæргътæй дæр алчи йæ дзырд æппарын систа, æмæ фæстагмæ схъаугъа сты. Хъуыддаг æмвæнд-æмзондæй куы нæ фæкæнынц, уæд дзы ницы рауайы. Мæргътæ сбыцæу сты, зæрдиагæй нал архайдтой — сæ базыртæ ма æрмæст мæнг тылд кодтой, — æмæ хыз чысылгай дæлæмæ-дæлæмæ цæуын байдыдта. Маргъахсæг базгъордта, хызы синагыл фæхæст æмæ хыз æд мæргътæ йæхимæ æривæзта.
Мæргъты ахаста æмæ се 'ппæты дæр къалатиты бакодта.

#аргъау
#карсантыбимболат
РУВАС ÆМÆ СÆГЪ.
Рувас фæцæйцыд быдыры, дзæгъæлгаст кодта халæттæм æмæ цъайы ныххауди.
Цъай уыди тынг арф. Рувасæн уырдыгæй схизын йæ бон нæ уыд. Бады рувас æмæ хъынцъым кæны.
Мæнæ цъайы рæзты сæгъ фæцæуы. Йæ сыкъатæ тилы, йæ боцъойæ хъазы.
Ныккастис цъаймæ, ауыдта рувасы æмæ йæ фæрсы, уым цы ми кæныс, зæгъгæ.
— Мæ фæллад уадзын, сæгъ, — дзуапп ын радта рувас.
— Уым уæле æнтæф у, ам та — сатæг.
— Йæ дон бæззы нуазынæн æви нæ? — афарста та йæ сæгъ.
— Тынг хорз у, — загъта рувас. — Æргæпп кæн ардæм, кæд дæ фæнды, уæд. Ам нæ дыууæйы фаг дæр ис бынат.
Ныггæпп кодта сæгъ цъаймæ. Рувас сæгъы рагъмæ сгæпп кодта, рагъæй — сыкъатæм, уырдыгæй та — уаелæмæ. Сæгъ бирæ фæбадтис цъайы.
Изæры йæ ссардтой æмæ йæ йæ сыкъатæй сластой.

#аргъау
РУВАС ÆМÆ ДУРЫН.
Иу ус рацыдис быдырмæ мæнæу кæрдынмæ. Уый бавдæлд, æмæ æхсыры дурын къудзийы рæбын нывæрдта.
Уæд дын дурынмæ рувас бахъуызыд. Нытътъыста дзы йæ сæр æмæ æхсыр банызта. Ныр ын хæдзармæ цæуын афон бæргæ у, фæлæ мæнæ бæллæх: сæр дурынæй раласын нал фæразы.
Рауай-бауай кæны, тилы йæ сæр дурынимæ æмæ дзуры:
— Цæй, дурын, ахъазыдтæ æмæ дын æгъгъæд у. Ауадз мæ нæхимæ, дæ рын бахæрон. Цæй, мауал мæ хъаз, дæ хорзæхæй.
Дурын йæ коммæ нæ кæсы. Смæсты ис рувас. «Фæлæуу, уæдæ, æз дын цы хъæуы, уый бакæндзынæн», — загъта рувас.
Азгъордта рувас донмæ. Фæдæлдон кæнынмæ хъавы дурыны. Дурын æцæг фæдæлдон, фæлæ рувасы дæр йемæ аласта.

#аргъау
РУВАС ÆМÆ ХЪРИХЪУПП.
Рувас фæлымæн ис хърихъуппимæ æмæ йæ йæхимæ фæхуыдта. Æрбацыд хърихъупп уазæгуаты рувасмæ. Рувас ын цымгæ сфыхта, байсæрста йæ тæбæгъы былтыл æмæ йæ нал уадзы, ахæр, зæгъгæ. Хърихъупп йæ бырынкъæй къупп-къупп кæны, фæлæ дзы йæ дзыхмæ ницы хауы. Рувас кас иууылдæр йæхæдæг бастæрдта.
Дыккаг бон та хърихъупп рувасы фæхуыдта; сцæттæ кодта æхсыры сæндæг, ныккодта йæ нарæгхъуыр дурыны æмæ хынцы рувасы. Рувас дурыны алыварс зилы: нæ цæуы йæ сæр дурыны. Хърихъупп йæхæдæг хæры æмæ хæры, уалынмæ йæ иууылдæр фæци. Уæдæй фæстæмæ рувас æмæ хърихъуппы лымæндзинад фехæлд.

#аргъау
ДЫУУÆ УЫЗЫНЫ АРГЪАУ.
Иухатт фембæлдысты дыууæ уызыны — иу Бæрзджынæй, иннæ та Хуыскъадагæй. Фембæлдысты æмæ фæлымæн сты.
— Цом мæнмæ, æмæ иумæ цæрдзыстæм, — зæгъы Бæрзджыны уызын.
— Æмæ цы кæны? Æз разы дæн, — дзуапп радта Хуыскъададжы уызын.
Фæлæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты цъæх уыгæрдæнтæ. Иæ зæрдыл æрбалæууыди, мæнæргъы къутæрты булæмæргъ куыд фæзары, уый. Ныуулæфыд уызын.
— Нæ, — зæгъы, — фæлтау ды рацу мæнмæ.
— Æмæ цы уæлдай у? — зæгьы Бæрзджыны уызын.—Кæмфæнды цæр, æрмæст иумӕ. Цом.
Фæлæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты йæ уарзон бæрзытæ, суадон. Йæ зæрдæ бакатай кодта.
— Нæ, — зæгъы, — нæ ныууадздзынæн мæ райгуырæн бæстæ.
— Æмæ куыд æнхъæл дæ', мæнаен райгуырæн бæстæ нæй? — рамæсты Хуыскъададжы уызын.
Ууыл дыууæ уызыны фæхицæн сты.
Дыккаг бон та фембæлдысты, æртыккаг бон дæр.
Æмæ мæнæ ахицæн дæс азы. Уызынтæ æмбæлынц кæрæдзийыл, алчидæр дзы хоны иннæйы йæхимæ. Базæронд сты. Сæ дзыхы ныхас сыгъдæг нал у.
— Чи зоны, æмæ сразы уай мæнмæ рацæуыныл? — зæгъы Бæрзджыны уызын.
— Ацæуын ницы кæны, — зæгъы Хуыскъададжы уызын. — Фæлæ... райгуырæн бæстæ!
0, стыр зынаргъ у райгуырæн бæстæ!

#аргъау
РУВАС.
Рувас къæппæгмæ бахауд. Иæ къæдзил атыдта æмæ аирвæзт. Къæдзил ын кæй нал ис, уый йын тынг зын уыд. Иухатт æрæмбырд кодта иннæ рувæсты æмæ сæ ардауын байдыдта, цæмæй уыдон дæр сæ къæдзилтæ алыг кæной, ууыл. Къæдзил, зæгъы, рувасы ницæмæн хъæуы. Дзæгъæлы уæлдай уæз хæссæм нæхиуыл.
«Ехх, æвæдза, бæргæ афтæ нæ дзурис, къуда куы нæ уаис, уæд», — дзуапп ын радтой иннæтæ.
Цы ма загътаид æнæкъæдзил рувас, ныхъхъус ис æмæ ацыд.

#аргъау
ДОМБАЙ ÆМÆ РУВАС.
Домбай базæронд æмæ йæ бон нал уыд сырдтæ ахсын. Уый сфæнд кодта дарддæр хинæй фæцæрын. Бацыд лæгæтмæ æмæ барæй йæхи срынчын кодта. Сырдтæ йæм рынчынфæрсæг цæуын байдыдтой. Уый иугай хордта, чи йæм цыд, уыдоны. Рувас домбайы хин бамбæрста. Слæууыд лæгæты дуармæ æмæ дзуры мидæмæ:
— Куыд цæрыс, мæ зынаргъ æмбал?
— Тынг æвзæр, — загъта домбай, — мидæмæ цæуылнæ рацæуыс?
— Уымæн нæ цæуын, æмæ мидæмæ фæдтæ уынын, бирæты фæдтæ, фæлæ дзы æддæмæ иу фæд дæр нæй, — дзуапп ын радта рувас.

#аргъау
ДОМБАЙ, АРС ÆМÆ РУВАС.
Домбай æмæ арс фæхæст сты дзидзайыл. Дзидза уаргæйæ фæхъаугьа сты. Арс домбайæн хай нæ кодта. Домбай дæр хъавыд дзидзайы йæхи бакæнынмæ. Афтæмæй райдыдтой быцæу кæнын. Бирæ фæхæцыдысты. Фæстагмæ бафæлладысты æмæ зæххыл фæйнæрдæм ахаудтой. Рувас сын се 'хсæн дзидза ауыдта. Бахъуызыд æм æмæ йæ афардæг кодта.

#аргъау
ХИВÆНД СÆНЫЧЧЫТÆ.
Дыууæ сæныччы фембæлдысты нарæг хидыл. Хидыл фæзилæн нæ уыд. Сæ иуы хъуыди иннæмæн фæндаг раттын. Фæлæ дыууæ дæр хивæнд уыдысты, иу дæр нæ разы кодта иннæмæн фæндаг раттыныл. Райдыдтой сыкъайæ хæцын. Сæныччытæ дыууæйæ дæр хидæй асхъиудтай æмæ доны смидæг сты.

#аргъау
IRON ARGHAW
Photo
РУВАС НОМÆВÆРÆГ.
Рувас æмæ арс иумæ цардысты. Уæд иу бон сæ куыстмæ ацыдысты, хуымы куыстмæ. Æмæ рувас куы сæххормаг, уæд афтæ бакодта:
— У-у!—зæгъгæ.
Арс æй фæрсы:
— Цы кодтай, Буба?
— Æлдаратæн лæппу райгуырд,— æмæ мæ сæхимæ хонынц номæвæрæгæн.
Рацыди рувас уырдыгæй æмæ, рувас æмæ арсæн царв уыди сæ хæдзары, иу дурын йæ тæккæ дзаг, Рувас сæхимæ бауади æмæ царвæй бахордта. Фæстæмæ куы аздæхт хуыммæ, уæд æй арс фæрсы:
— Цы йыл сæвæрдтай?
— Былкъахыр, — загъта рувас.
Сихор куы сси, уæд та рувас фæкодта:
— У-у!
— Цы та кодтай, Буба? — фæрсы йæ арс.
Рувас дзуапп радта:
— Мæ ном сæ зæрдæмæ нæ цæуы: дыккаг ном, дам, ыл æвæрын хъæуы, зæгъынц.
— Ацу, Буба, æмæ-иу тагъд раздæх фæстæмæ,— зæгъы йын арс.
Ацыди рувас æмæ та царвæн йе ’рдæг бахордта. Фæстæмæ æрбацыд рувас æмæ йæ арс фæрсы:
— Гъы, цы ном ыл сæвæрдтай?
— Астæунарæг-гуырвидауц,— загъта рувас.
Гыццыл фæстæдæр та сæххормаги рувас æмæ та фæкодта:
—У-у! 
—Цы та кодтай, Буба? — фӕрсы ар
— Сæ ном та сæ зæрдæмæ нæ цæуы, æмæ та, дам, ыл- ног ном сæвæр, — дзуры рувас.
Арс ын загъта:
— Ацу, æмæ йыл ном сæвæр. Кæд сæ зæрдæмæ цæуа, — хорз, кæннод ыл æндæр ном нал сæвæрдзынæн, зæгъгæ, сын зæгъ.
Рувас ацыд æмæ бынтондæр бахордта царв, æмæ; дурыны фæнык- ныккодта. Æмæ фæстæмæ æрбаздæхт.
Арс ӕй фæрсы:
— Гъы, Буба, цы ном ыл сæвæрдтай?
— Быныстæрд, зæгъгæ, йыл сæвæрдтон.
— Уæдæ хорз, — загъта арс дæр.
Изæрæй сæхимæ æрцыдысты. Æмæ арс загъта:
— Цу-ма, Буба, дæ царв рахæсс æмæ дзы фæлладæй ахæрæм.
Рувас-Буба царвы дурын рахаста æмæ йæ арсы цур æрæвæрдта. Рувас афтæ зæгъы:
— Абон йæ сæр гомæй баззад æмæ йыл рыгтæ фæбадтысты. Æмæ дæ цæстытæ ныйирд кæ æмӕ йæ ныффу кæ.
Арс йæ цæстытæ ныггом кодта æмæ дурын ныффу кодта æмæ йæ цæстытæ байдзаг сты. «Ай мæ цæрын нал ныууадздзæн», — загъта рувас, æмæ алыгъди. Арс æй фæсте сурын байдыдта, æмæ йæ ’иу ран куы баййæфта, уæд ын йæ къæдзилыл фæхæст æмæ йын æй ратыдта. Рувас алыгъди. Уæд арс афтæ зæгъы:
— Цæугæ, ныр мын нал аирвæздзынæ, æнæкъæдзил рувас нæй дæуы йедтæмæ.
Рувас уæд хъуыды байдыдта: «Мæрдты дæр мæ нал ныууадздзæн, уый тыххæй æмæ æнæкъæдзил рувас мæны йедтæмæ никуал ис æмӕ исты æрхъуыды хъæуы», зæгъгæ.
Кæсы æмæ иу ран иу сывæллон, йæ авдæны бафынæй, йæ фарсмæ, хъазгæ кæмæй кодта сывæллон, ахæм фæрдгуыты хал. Рувас сæ йæ хъуырыл бакодта. Уæд æй иннæ рувæстæ фæрсынц:
— Мæнæ цы рæсугъд фæрдгуытæ ис! Кæм дын уыдысты, мах дæр сыл куы фæхæст уаиккам?
Рувас загъта:
— Уый хæрз æнцон у. Дæлæ донмæ ныццæут æмæ дзы уæ къæдзилтæ нытътъыссут æмæ сæ бонмæ уым фæдарут.
Нытътъыстой сæ уым, уыдис зымæг. Бонмæ уым фæбадтысты. Бонæй адæм зынын куы бандыдтой, цуанæттæ куы фæзындысты, уæд рувæстæ фæтарстысты, фæлæ сæ къæдзилтæ ныйих сты, схæц-схæц кæнынц, — нæй, æмæ сæ уæд атыдтой æмæ алыгъдысты. Алырдыгæй дунейы æнæкъæдзил рувасæй байдзаг.
Арс рувæстæй куы иуы æрцахсы, куы иннæйы æрцахсы, уæдæ ды уыдтæ «мӕ гæнæг», зæгъгæ. Куы  нал дзы фæрæзтой арсæй рувæстæ, уæд мæгуыр лæджы тæскъ радавтой ӕмæ-йæ, схастой къуыбырмæ. Стæй арсмæ фæсидтысты æмæ йын загътой:
— Ардæм рацу.
Арс сæ фæрсы:
— Æмæ уын ацы тæскъ та цы у?
Рувæстæ загътой:
— Мах ацы тæсчъы ныббырдзыстæм, æмæ, дæлæ уæтæрмæ ныттулдзыстæм æмæ уым фысы фыд хæрдзыстæм цас нæ хъæуа, уыйас.
— Уæдæ дзы мæн цæвæрут, —загъта арс.
Арсы.уым нывæрдтой, йæ сæр ын куыддæртæй ныффидæрттæ кодтой æмæ йæ къуыбырæй ратылдтой, сæхæдæг хъæр кæнынц фиййæуттæм:
— Арс уæм фæтулы æмæ уын хæрдзæн уæ фос, фæлæ хъахъхъæнут!
Арсы уым ныммардтой фиййæуттæ, рувæстæ та æгасæй баззадысты. Ууыл ахицæн хъуыддаг.

Радзырдта йæ Икъаты Къоста Михалы ф ы р т. Елхот. Ныффыста йæ Брытъиаты Созырыхъо. ЦИНИИ-йы архив, фольклор № 248, папкæ 55, ф. 8—11.

#аргъау
—Хæргæ уæ кæнын!
Родтæ йæм дзурынц:
— У, дæ рын бахæрæм, зарын ма нæ уæддæр бауадз.
— Цæй, ныззарут,—загъта бирæгъ.
Родтæ ныббогъ-богъ кодтой. Хъæу фæфæдис сты. Бирæгъæн та адæм йæ фæрстæ ныххостой, афтæмæй та аирвæзти. Фæсад та иу дзæвгар, стæй уæд сивгъуыдта хъæдмæ. Хъæды хызти сугдзауы хæрæг æмæ та йæм басхъæл ис бирæгъ.
— Ды та мын кæдæм ирвæздзынæ?! Хæргæ дæ кæнын ныртæккæ!
— 0, дæ рын бахæрон, ды ма мæ ацы уæззау уæргътæй куы фервæзын кæнис, æмæ æз дæ фæхъхъау куы фæуин! Æрмæст мæ зæвæты иу зæгæл ис æмæ дæ хъуыры куы фæбада.
— Æмæ йын раласæн нæй?
— Цæуылнæ, уæгъд у.
— Уæдæ радар дæ сæфтæг.
Хæрæг дард фæхаста сæфтæг æмæ дзы бирæгъы сæрæн ахъаззаг цæф фæкодта. Бирæгъ мæскъмæ атылдис æмæ уым: ныммарди. Абон дæр ма йын йæ мард зулчъытæ хæрынц.

#аргъау
Фæлтау дæ лæджы амар æмæ æз æмæ ды иумæ цæрдзыстæм.
Ус загъта:
— Лæджы амарын мæ бон кæм у?
Æмæ та йын фысым зæгъы:
— Фынæй у, æмæ йын йæ хъама йæ хурхы нытъысс.
Уæд ус дæр сразы ис. Ус бирæ рæстæджы фессадта йæ хъама æмæ йæ лæджы барæхойынмæ ныхъавыди. Фысым æй куы базыдта, а-ныр æй барæхойдзæнис, уæд фынæй лæгыл фæхъæр кодта:
— Уæлæмæ сыст, дæ ус дæ æргæвды!
Уæд ус джихæй аззад, æлвæст хъама йæ къухы, афтæмæй. Фысым лæгæн загъта:
— Акæс-ма, мæн бирæгъ æргæвста, æмæ мæ ды фервæзын кодтай, дæу та дæ ус æргæвста, æмæ дæ æз фервæзын кодтон. Æмæ дæм, мæ хур, æхца нал æмбæлы. Нæ дыууæ дæр кæрæдзийæн бæсты фæцыдыстæм.
Лæг, йæ усы æфхæргæйæ, раздæхти æмæ баззадысты æнæ ’хца, æмæ та цардысты мæгуырæй.

#аргъау
БИРÆГЪ ÆМÆ РУВАС.
Æххормаг рувас бирæгъы фысы мард хæргæ æрбаййæфта.Рувасы комыдæттæ рауадысты фысы фыдмæ, фæлæ ма гæдыныхæстæм арæхсти.
— Цы ми кæныс ам?— дисгæнæгау афарста бирæгъы,—фæлхортыл цы зилыс.
Бирæгъ дызæрдыггæнгæ бакаст рувасмæ.
— Цы мæм кæсыс? Дæ лæгæты цур дын сырдтæ саг куы аргæвстой.
— Кæд уыдис уый?— афарста бирæгъ.
— Ныртæккæ æз уым уыдтæн...
— Æмæ уæд æз мæрдты дæн! — фæкодта бирæгъ æмæ фæцæуыныл.
Рувас дæр фысы мардыл йæхи ныццавта.

#аргъау