IRON ARGHAW
925 subscribers
1.15K photos
411 videos
362 files
305 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
БАСТ УИСОЙ.
Иу лæгæн бирæ фырттæ уыдис, фæлæ хъæрмуд нæ уыдысты, æмæ сæ цард нæ цыд. Уæд сæм иуахæмы фыд фæдзырдта кæртмæ. Къуымæй сын уисой рахæссын кодта. Загъта:
— Абон хъуамæ уæ тых бафæлварат уисойыл. Чи йæ асæтта, уый уыдзæн æппæты хъаруджындæр.
Фырттæ иугай фæархайдтой баст уисой фæдыууæ кæныныл, фæлæ сæ къухы нæ бафтыд. Уæд сын фыд афтæ:
— Æриут-ма йæ ардæм. Фыд уисой райста, райхæлдта йæ æмæ йæ уисгай сæттын райдыдта.
— Афтæ, мæ хуртæ, сымах дæр æнгом куы уат, уæд уын ничи ницы кæндзæн, уæ цард фæрныгдæр уыдзæн. Иугæйттæй та уыл алчидæр тых у, уæ хъомыс — къаддæр. Æмæ кæрæдзи уарзут.
Ацы цау æфсымæртæн зонды хос фæци.

#цгъойтыхазби
#ӕмбисонд
ÆВЗАГ.
Паддзах, дам, йæ лæггадгæнæгæн бафæдзæхста:
- Ацу æмæ мын æрбахæсс, дунейыл æппæты адджындæр цы у, уый. Лæггадгæнæг ацыд æмæ йын æрбахаста æвзаг. Уæд та йæ арвыста «дунейыл æппæты мастдæр цы у», уымæ. Дыккаг хатт дæр та паддзахмæ æрбахаста æвзаг.

#ӕмбисонд
#цгъойтыхазби
ТÆРХЪУСТÆ.
Тæрхъустæ æрвылæхсæв æрнæг пыхсы æрæмбырд вæййынц, кæрæдзийæн фæдзурынц сæ хъæстаг хабæрттæ: бирæгъ сæ æддæмæ ракæсын, хæринаг амал кæнын кæй нæ уадзы, иугай сæ куыд куынæг кæны. Тæрхоны рабадынц, марыны тæрхон ын рахæссынц. Фæлæ та куы сбон вæййы, уæд тæрсгæ-ризгæйæ фæйнæрдæм апырх вæййынц...

#ӕмбисонд
#цгъойтыхазби
УÆРТДЖЫН ХÆФС - ЦУМАЙЫ ЛÆППУ.
Сырдтæ, дам, æмбырдæй бадтысты. Иуахæмы сæ рухс ахуыссыд, æмæ кæрæдзи цырагъмæ æрвитынц. Æгæр куы сбыцæу сты, уæд Рувас афтæ:
- Уæртджын хæфс кæстæр у æмæ уый ацæуæд.
Иууылдæр сразы сты. Уæртджын хæфсæн дæр ма цы гæнæн уыд: йæ фындзы бын бахъуыр-хъуыр кодта æмæ рараст.
Уæртджын хæфс æрæгмæ зынд, æмæ сырдтæ дзæвгар талынджы куы абадтысты, уæд хор-хор кæнын райдыдтой: «Кæд уыдзæн уый?» «Цæмæн æй арвыстам?» «Фæрæдыдыстæм».
Уыцы рæстæг сæм Уæртджын хæфс къæсæрæй дзуры:
- Бирæ куы дзурат, уæд æз ардыгæй фæстæмæ дæр . аздæхдзынæн.

#ӕмбисонд
#цгъойтыхазби
ДЫУУÆ БИРÆГЪЫ.
Бирæгъ бон-изæрмæ сыллынк-сыллынкгæнгæ холы агурæг фæразгъор-базгъор кодта хъæды, фæлæ йæ къухы ницы бафтыд. Изæрырдæм хъæдгæронæй суыдта хъомрæгъау. Иунæгæй сын кæй ницы бакæндзæн, уый зыдта, æмæ æмбал агурæг азгъордта. Кæсы, æмæ иу бирæгъы хуыггом. Фæмидæг дзы. Хуыггомы хицау - нæл бирæгъ дзы уæлгоммæ хуыссы. Дзуры йæм:
- Дæлæ хъæдрæбын хъомрæгъау. Цом, нæ иу - сургæ, иннæ - ахсгæ æмæ дзы иу æрфæлдахæм. Мæ ахсæн фырæххормагæй сины стæгыл баныхæст.
- Æз æфсæст дæн, æмæ мæ хуыссын бауадз, - дзуапп радта фысым.
Бирæгъ ма фырмæстæй цы акодтаид, уый нал зыдта. Йæхи йыл ныццавта, йæ цыргъ дæндæгтæ йын йæ бæрзæйы ныссагъта æмæ йын йæ туг сцъырдта.
- Цы кодтай? Цы дыл æрцыд? Æрра фæдæ, зæгъгæ, йыл хъæр кæны нæл бирæгъ.
- Цы кодтон? Ды - æфсæст, æз - æххормаг. Ныр нæ дыууæ дæр - æфсæст.
Ацы æмбисонд бирæтæн хъуамæ уа зонды хос. Бонджын мæгуыры куы нæ æмбара, уæд мæгуыр фырадæргæй лæбургæ кæны.

#ӕмбисонд
#цгъойтыхазби
УАСÆГ ÆМÆ РУВАС.
Уасæг бæласыл бады уæле. Рувас æм бацыд æмæ уасæгмæ уæлæмæ дзуры:
- Ахæм рæстæг, дам, æркодта æмæ рувасæй, уасæгæй, куыдзæй - иууыл иумæ хъуамæ цæрой.
Уасæг дæр дæлæмæ-дæлæмæ хизын райдыдта, бауырныдта йæ рувасы ныхас. Уалынмæ дын иу куыдз æрдугъ кæны, æмæ рувас дæр йæ хъус лидзынмæ радта. Уасæг æм фæсте дзуры:
- Кæдæм цæуыс, рувас?
Рувас æм фæстæмæ дзуры:
- Уый нырма ницы фехъуыста, æнæмбаргæ у æмæ ахæм закъæттæн ницы бамбæрста.

#ӕмбисонд
#цгъойтыхазби
ХÆЛЫНБЫТТЫР.
Хæлынбыттырмæ мыстытæ бацыдысты æмæ йын зæгъынц:
- Гæдыйæ æддæмæ ракæсын нал уæндæм, иугай нæ куынæг кæны æмæ йын исты схос кæнæм.
- Æз мыст нæ дæн, æз маргъ дæн! - фæцæттæ хæлынбыттыр.
Уæд æм иуахæмы лыстæг мæргътæ дæр куы бацæуиккой уынаффæмæ æмæ йын зæгъынц:
- Цъиусур нæ цæрын нæ уадзы, нæ сæр дзы нæ кой ссис, æмæ нæхи бахъахъхъæныны тыххæй исты æрхъуыды хъæуы.
- Æз маргъ нæ дæн, мыст дæн, - ахæм уыд мæргътæн та йæ дзуапп.

#ӕмбисонд
#цгъойтыхазби
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Стӕг домбайы хъуыры дӕр фӕбады.

#ӕмбисонд
КУЫДЗ ÆМÆ ЙÆ АУУОН.
Иу куыдз фæцæйцыд доны сæрты нарæг хидыл. Уый йæ дзыхы фæцæйхаста стæг. Уалынмæ доны йæ аууон ауыдта. Уый афтæ фенхъæлдта, æмæ æндæр куыдз фæхæссы стæг. Йæ дзыхы цы стæг уыд, уый аппæрста æмæ донмæ ныггæпп кодта. Уый хъавыд иннæ куыдзæн йе стæг байсынмæ. Афтæмæй æнæхай фæци йæхи стæгæй дæр.

#ӕмбисонд
ХÆЙРÆДЖЫ ХАЙ.
Уæд, дам, дын иу хатт хæйрæг йе сконд нозтимæ Уастырджийы фæндагыл йæ размæ рацыд.
— Мæнæ иу диссаджы цыдæр нозт æрхъуыды кодтон æмæ-ма йæ фен, иу дзы бануаз, — ныххатыд æм хæйрæг. Æвæццæгæн дзы Уас- тырджийы фæрасыг кæнынмæ хъавыд Хуыцауы ’лгъыст, йе та йæ нозт бафæлварын.
Банызта Уастырджи нуазæн æмæ йæ зæрдæмæ фæцыд.
— Дзæбæх у, — загъта уый.
— Иу ма, дæ хорзæхæй, — фæцырд хæйрæг æмæ йæм дыккаг нуазæн авæрдта.
Банызта Уастырджи дыккаг нуазæн дæр æмæ йе уæнгты ахъардта.
— Хорз у, — загъта уый, — дæ къухтæ фæрнæй фæдар.
«Фыццагæн «дзæбæх у», загъта, дыккагæн «хорз у», цымæ æртык- кагæн та цы зæгъид?» — ахъуыды кодта дæлимон æмæ йæм æртык- каг нуазæн дæтты.
— Мæ тых дзырд мын ныббар, бæрзондыл бадæг, дæ хорзæхæй, иу ма... Æртыккаг...
Банызта Уастырджи æртыккаг дæр æмæ загъта:
— Уæдæ-иу ацы нозтæй æртæ чи бануаза, уый мæн хуызæн уæд, уымæй фылдæр чи бануаза, уый та дæу хуызæн...

Хъайттаты С. X—18 Ирон хабæртгæ — 3-æм рауагьд — Дзæуджыхъæу: Ир, 2009

#ӕмбисонд
— Нæ, нæ, раст дзурыс...
— Кæд раст дзурын, уæд мын мæ хæс æвæстиатæй бафид!
Паддзахæн гæнæн нал уыд, бафыста йæ хæснаг..

#ӕмбисонд
#гӕлуатыаким
ÆХСÆРСÆТТÆГ ÆМÆ РУВАС.
Æхсæрсæттæг бæласыл гуыркъотæ æхсыдта. Бынæй йæ къæпп-къæпмæ рувасы комыдæттæ уадысты.
Æхсæрсæттæджы дзыхæй гуыркъо рахаудта.
— Хæц, къахыстæг дын!
Рувас æм фæлæбурдта.
Иу сайд гæдырувасыл дæр æрцæуы.

#ӕмбисонд
ДЗÆГЪЫНДЗÆГ.
Дзæгъындзæг иунæгæй цæрынæй сфæлмæцыд.
Скодта фæйнæ лымæны халæтты балæй дæр æмæ цъиахты балæй дæр. Æрцæуы уазæгуаты сау халонмæ. Халонæй хорз фæхынцы æмæ йын тонын райдайы йæ цъæх систæ, мæн хуызæн су, зæгъгæ.
Æрцæуы уазæгуаты цъæх цъиахмæ. Цъиах æй хорз суазæг кæны æмæ йын тонын байдайы йæ сау систæ, мæнæ ма дын адон куы нæ уаиккой, зæгъгæ.
Афтæмæй цасдæр рæстæджы фæстæ дзæгъындзæг цъæхдæр не сси, саудæр не сси æмæ йæхи хуызæн хъулондæр нал уыд.

#ӕмбисонд