IRON ARGHAW
919 subscribers
1.14K photos
399 videos
362 files
304 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Р‌ӕс‌т‌ӕг‌ ӕн‌ӕр‌ы‌н‌ц‌о‌й‌ӕ з‌г‌ъ‌о‌р‌ы‌ р‌а‌з‌м‌ӕ ӕм‌ӕ т‌а‌ б‌а‌х‌ӕц‌ц‌ӕ с‌т‌ӕм‌ ц‌ы‌п‌п‌у‌р‌с‌ы‌ м‌ӕй‌м‌ӕ, к‌ӕц‌ы‌ н‌ӕ хӕс‌т‌ӕг‌д‌ӕр‌ фӕк‌ӕн‌ы‌ Н‌о‌г‌ а‌з‌м‌ӕ. Зымӕджы фыццаг боны фӕдыл уын арфӕтӕ кӕнӕм!
Джусойты Нафи. Ирон литературæйы истори. 2016 аз.
Чиныджы автор лæмбынæг анализ скодта ирон литературæйы историйæн. «Ирон литературæйы истори» арæзт у дыууæ хайæ. Фыццаг хайы дзырд цæуы ирон литературæйы историйы фарстытыл йæ райдианæй, ома йæ равзæрдæй, суанг XIX æнусы кæронмæ.
Дыккаг хайы та иртæст цæуынц ирон литературæйы дарддæры рæзты фæндæгтæ XX æнусы райдиан, ома фыццаг уырыссаг революцийы разафонтæй суанг Октябры революцийы онг. Бирæ нæу уыцы рæстæг, æдæппæт 15 азы, фæлæ йын нæ литературæйы историйы уыд стыр нысаниуæг. Уæд фæзындысты æмæ ныббиноныг сты ирон литературæйы прозæ æмæ драматургийы жанртæ, фæзындысты ма публицистикæ æмæ периодикон мыхуыр. Бындур æвæрд æрцыд литературон критикæйæн.
Чиныг фæахъаз уыдзæн ирон литературæйы ахуыргæнджытæн, методисттæн, ирон литературæйы фарстытыл чи кусы, уыцы специалисттæн, уæлдæр ахуыргæнæндоны ирон æвзаг æмæ литературæйы факультеты студенттæн.
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Спектакль "Усгур Гаци", 1977 аз.

#иронтеатр
ХЪӔСТУАТЫ ХЪАЗЫБЕДЖЫ ЗАРӔГ.
Зилгӕйы хъӕуы уыд иу рӕсугъд чызг, Азиаты Дзего, зӕгъгӕ. Уый куырдтой зилгӕйаг Бӕтӕгаты Инӕрыхъо, ноджыдӕр заманхъуйлаг Хъӕстуаты Хъазыбег. Бӕтӕджы-фырт ӕмӕ Хъӕстуйы-фырт быцӕу байдыдтой Азиаты Дзегойыл. Сӕ иу загъта, мӕн уыдзӕн, иннӕ дӕр — афтӕ. Уӕд Дзего ныхъхъуыды кодта ӕмӕ загъта:
— Кӕсгон ӕлдар Ботасаты Хацъукуйы бӕхты рӕгъау чи ратӕра, уый уыдзӕни мӕ мойаг, кӕд сӕ Зилгӕйы уынгты ӕрбатӕра, уӕд. Уӕд Хъӕстуйы-фырт загъта:
— Мӕ фыд Гайтойыстӕн, ӕз Ботасаты рӕгъауӕн сӕ гыбар-гыбур ссӕуын кӕндзынӕн Зилгӕйы уынджы.
Ӕмӕ ӕцӕгдӕр ӕртыккаг ӕхсӕв Хъӕстуйы-фырт схӕццӕ кодта Зилгӕйы уынгмӕ Ботасаты рӕгъау. Зилгӕйы та уыди ӕхсӕвгӕс хъарагъул Бӕтӕгаты Инӕрыхъо. Баурӕдта Хъӕстуйы-фырты ӕд бӕхтӕ.
— Нӕ дӕ ауадздзынӕн.
Уӕд ын Хъӕстуйы-фырт афтӕ зӕгъы:
— Ау, цӕуыннӕ мӕ ауадздзынӕ, Азиаты рӕсугъд цы хӕс ӕрӕвӕрдта мах размӕ, уый ӕз сӕххӕст кодтон. Мӕ фыд Гайтойыстӕн, ацы фосӕй къӕдзил дӕр нӕ фендзынӕ.
Уӕд Бӕтӕджы-фырт дзуры:
— Уӕдӕ дӕ адзал ам и, Хъӕстуйы-фырт.
Хъазыбег уӕлбӕхӕй ньнтӕрах кодга Бӕтӕджы-фырты ӕмӕ йӕ афӕлдӕхта. Зилгӕ фӕфӕдис кодтой ӕмӕ Хъазыбегыл ӕрӕмбырд ысты. Дзуры сӕм Хъазыбег:
— Ӕ, Зилгӕ, Кодзырты балкъон файтоны размӕ, ӕз нал фӕцӕудзынӕн мӕ зӕронд фыд Гайтойы размӕ. Сау мӕры суадон цӕугӕ, зилгӕйӕ баззад, ӕнхъӕлдӕн ӕмӕ мӕ рӕсугъд Дзего кӕугӕ, ниугӕйӕ баззад. Куырды куырдадз куырдадзӕй баззад. Мӕ рӕсугъд Дзего мӕ номыл куырдуаты баззад.
Зилгӕ Цӕлыкк байуӕрстой йӕ быдыры тыххӕй.
Зилгӕ мӕнг ард бахордтой сӕ гуыбынты тыххӕй.
Зилгӕ амардтой Хъазыбеджы, Ботасаты бӕхтӕ байуӕрстой хӕдзаргай. Дзего Хъазыбегыл сау фӕдардта фондз азы, стӕй йӕ Хуымарты Хаджумар — кӕрдзинаг ӕрхаста. Дзего абон ӕгас нал у. Рухсаг уӕнт Дзего дӕр ӕмӕ Хъазыбег дӕр.

ЦИГСИИ-йы архив.
#иронзарӕг
БУЛÆМÆРГЬ ÆМÆ УÆРЦЦ.

Булæмæргъ загъта уæрццæн:
—Хорз кæй зарын, уый тыххæй
Мæн ахæсты фæдарынц.
Телтæй быд чыргъæдæй
Мæн ракæсын нæ уадзынц.
— Ехх! — загъта бынæй уæрцц,
Дæ зарæджы аххос у,
Дæ бырынкъыл хæц.
Маргæ дæ кæй нæ кæнынц, уый хорз,
Ахæстоныл хъæц.

Хатт зарæг дæр бæззы,
хатт зæгъынæй дæр тæрс,
Фадат дын куы уа дзурынæн,
уæд зæгъынæн дæр бæзз.

#гӕдиатысекъа
#ӕмбисонд
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Чеджемты Ахсар
ХÆЛÆГ

Ис царды уæззау низ,
Уый хонынц хæлæг.
Хæлæгнизæй садис
Æнамонд хæрæг.

Йæхицæй хуыздæрмæ
Фырмæстæй тыдта.
Бæхы къæхты хъæрмæ
Уый кодта æрра.

Хылмондаг, тæлтæгæй
Йæ комы фынк калд.
Йæ гыццыл сæфтæгæй
Уыд алчи хъыгдард.

Уæд федта фырхъалæй
Бæх кафгæ куыд цыд,—
Зæххы цъар дæндагæй
Хæрынмæ æрцыд.

Ныууасыд, ныззылди,
Стæй райхъуыст хъæрзын:
«Ох, мæнæ цы зын у
Æфсургъмæ кæсын».

Æрлæмæгъ, æрхауди,
Æруагъта йæ сæр.
Йæ хъустыл ма уади
Бæхы къæхты хъæр.

Уæззау низ æнахуыр
Йæ хурхыл хæцыд,
Йæ йу цæст ныдздзагъыр,
Йæ иннæ æрцъынд.

Гъе уый дын йæ хъуыддаг,
Гъе уый дын йæ цард.
Æвзæр фосы мыггаг
Æвзæрæй ныммард.

Ӕмдзӕвгӕ кӕсы РЦИ-Аланийы адӕмон артист Колыты Владислав.
#ӕмдзӕвгӕ
#чеджемтыахсар
Дыгургом.