IRON ARGHAW
925 subscribers
1.15K photos
403 videos
362 files
305 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
Цалынмæ Æфсати дзуапп лæвæрдта, уалынмæ уызын къутæры бынæй фæхъæр кодта:
— Мæрдтæ фылдæр, мæрдтæ!
Æфсати йæ бафарста:
— Зæгъ, куыд фылдæр сты мæрдтæ, гуыргæ фылдæр куы кæны, уæд?
Уызын ныххудт æмæ афтæ зæгъы:
— Йæ усы коммæ чи кæсы, уыдон дæр мæрдтыл хыгъд сты.
Æфсати йæ сырдтыл фехситт кодта, æмæ хæхты, быдырты ахæлиу сты. Æфсатийы ус æнæуи дæр сдзæбæх.
Уыцы бонæй фæстæмæ Æфсати йæ усы коммæ нал бакаст. Уасджырджи та уызынæн, хорз кæй загъта, уый тыххæй згъæр балæвар кодта, æмæ йæ уызын абон дæр йæ уæлæ дары.

#гӕдиатысекъа
#аргъау
ФЫРАНК, БИРÆГЬ, СЫРДТÆ ÆМÆ ФОС.
Фосæн, дам, мæ хицау скæн, — бирæгъ куырдта фыранкæй, фыранк хъуыста адæмæй бирæгъы фыдгой, æмæ æрæджиау, адæм афтæ куыд нæ загътаиккой, фыранк раст хъуыддаг нæ бакодта, зæгъгæ, бирæгъы фосæн хицау кæй скодта, уый тыххæй фыранк сырдтæм хонæг арвыста, цæмæй æрæмбырд уой фыранкмæ æмæ сæ бафæрса бирæгъы тыххæй, хицауæн бæздзæн æви нæ, зæгъгæ.
Сырдтæ æрæмбырд сты фыранкмæ; фыранк сæ бафарста, бирæгъ куыд цæры, фосы хицауæн бæззы æви нæ, уыдæттæй. Фæлæ сырдтæй иу дæр бирæгъы нæ бафаудта, æмæ фыранк фосæн бирæгъы хицау скодта.
Цымæ уæд фос та цы загътой? Уынаффæйы хъуамæ уыдон дæр уыдаиккой. Замана уый уыд, замана, æмæ дзы нæ уыдысты, ферох сæ кодтой, афтæмæй фæрсын та уыдонæй хуыздæр никæй хъуыд.

#гӕдиатысекъа
#новеллӕ
ДОМБАЙ ÆМÆ МЫСТ.

Домбай мыст æрцахста,
Хæрын дæ, зæгъгæ, йын загъта. — Хуыцау дæ хорзæх раттæд,
ма мæ бахæр, — сдзырдта мыст, —
Дæуæн дæр искуы феххуыс уыдзæн бахъуаг бон мæ куыст. Домбай бахудт æмæ афтæ зæгъы: — Цымæ мын цы феххуыс уыдзæн мыст,
цы йæ бон у, цы — йæ куыст?
Æмæ йæ куы бахæрон, уæддæр цы?
йе хуылыдз нæу,
йе хус, йе комдзаг нæу, йе рус.
Фæлтау æй суадзон, цæуæд, фæндараст-иу кæнæд.
Мысты суагъта:
— Цæугæ ныр,
Ацу ’мæ та хуымы быр.
Уыйфæстæ домбайы цуанонтæ æрцахстой.
Йæ къæхтæ йын бæндæнæй хорз сбастой.
Куы райхъал домбай,
уæд дæндæгтæй цæхæр акалдта.
— Ехх, — загъта домбай, — царæфтыд фæдæн, арахъхъ мæ амардта.
Уалынмæ дын мыст кæцæйдæр æрсæррæтт ласта,
Домбайы бæстытæ адзæнгæл ласта.
Домбай фестади, хъæргæнгæ сау хъæды цæуы.
Мыст дæр æм фæстейæ дзырдта: — Дæ хорз дын бафыстон, — зæгъы.

#гӕдиатысекъа
#ӕмбисонд
ДЗÆБУГ ÆМÆ ХЪÆСДАРÆГ.

Дзæбуг æмæ хъæсдарæг
Иумæ кодтой ныхæстæ.
Дзæбуг загъта: —Æнæ мæн
Ницы скæнис мæ фæстæ.

Æфсæйнаджы æз хойын,
Ныммур вæййы дзуллагау,
Ды та иуран куы бадыс, Ныффæлдæхтæ голлагау.

Хъæсдарæг дæр сдзырдта,
Афтæ зæгъы дзæбугæн: —
Кæд иу ранæй не змæлын,
Уæддæр зын у мæ удæн.

Æнæ мæн ды цы скæнис,
Цы бакусис, мæ лымæн? Ысхъиудтытæ, гæппытæй
Ницы бæззы зæгъынæн.

Афтæ быцæу фæкодтой
Дзæбуг æмæ хъæсдарæг,
Хистæр чи у уыдонæй,
Уымæн ды у йе ’взарæг.

#гӕдиатысекъа
УЫЗЫН ÆМÆ ЦÆРГÆС.

Уызын цæргæсæн лæгъстæ кодта,
тæхын мæ сахуыр кæ, зæгъгæ. Цæргæс йæ коммæ нæ каст,
уызынæн хауынæй тарст.

Нал æй уагъта уызын æхсæвæй-бонæй,
цæргæсæй куырдта.
Уызын кæй рахаудтаид бæрзондæй,
цæргæс уый зыдта
æмæ йæ коммæ нæ каст,
Фæлæ йæм уæддæр уызын нырраст.

Иубон уызыны цæргæс систа
Æмæ йæ арвы милтæм схаста,
«Гъеныр дæ ардыгæй ауадздзынæн, —
загьта цæргæс, —
æмæ тæх,
Фæлæ дæхимæ дæр кæс, —
Дæ быны ма ныккæлæд зæхх».

Уызын бæрзондæй куы ракаст,
уæд ныссырх.
Рауагъта йæ цæргæс, —
Зæххыл сæмбæлд æмæ ныппырх.

#гӕдиатысекъа
#ӕмбисонд