IRON ARGHAW
923 subscribers
1.15K photos
403 videos
362 files
305 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
Афтæ мæгуыр лæг йæ зонды фæрцы фервæзтис хæйрæгæй.

#аргъау
#дудайтыгерсан
ХЪÆДДЗАУ.
Иу фæззыгон бон зæронд ацæргæ лæг йæ лæппуйæн афтæ зæгъы:
- Зымæг æрæввахс кæны æмæ нæ суг æрласын хъæуы хъæдæй.
Лæппу йæ галтæ уæрдоны баифтыгъта æмæ араст хъæдмæ. Стыр æгæндæг хъæды астæу йæ галты су- агъта æмæ хизынц фæззыгон цъæнут кæрдæгыл. Иучысыл аулæфыд, стæй уæрдонæй райста йæ фæрæт. Фæкомкоммæ хъæддзау иу бæрзонд рæхснæг бæласмæ æмæ загъта:
- Ацы бæлас мæ ’гас зымæг рахæсдзæнис.
Бæласмæ аныр бавнала калынмæ, афтæ йæм бæлас æрдзырдта:
- Хорз хъæддзау, мæ тæригъæды ма бацу. Ма мæ ракал, хорз дын нæ рауайдзæн.
Хъæддзау хорзау нал фæцис. Æрбадт, йæ фæрæт йæ фарсмæ æрæвæрдта æмæ сагъæссаг хъуыдыты аныгъуылд.
Уæд та йæм бæлас ногæй æрдзырдта:
- Бауадз мæ цæрын, æрæййафон зæронды бонтæ. Уæлæ дæ алыварс бæрзонд зæронд бæлæстæ. Ралыг кæнын дын сæ нæ хъæуы. Рафæлдах сæ къухæй æмæ дæ уæрдон байдзаг кæн.
Хъæддзау йæ уæрдон байдзаг кодта æмæ рафардæг. Изæры йæ фыдæн бæласы хабар радзырдта. Уæд ын йæ фыд афтæ зæгъы:
- Зæронд бæлæстæ се ’нус батыдтой. Базæронд сты. Зæронд та мæлæты нысан у. Зæххыл æнæмæлгæ дуне нæй, мæ хур. Мах цардау, бæлæсты цард дæр афтæ у.
Уæдæй фæстæмæ хъæддзау рæзæн, æвзонг бæлас никуыуал ракалдта æмæ фæдзуры:
- Æрдзы сусæгдзинæдтæ уыйбæрц бирæ сты æмæ сæ адæймаг нæма базыдта... Кæронмæ.

#дудайтыгерсан
#радзырд
ДЫУУÆ ÆФСЫМÆРЫ.
Раджы ма, раджы цардысты æмæ уыдысты дыууæ æфсымæры. Иу бон ацыдысты куыстагур. Бирæ фæцыдысты æмæ бахæццæ сты иу æдзæрæг бæстæм. Æрбамбæлд сыл иу зæронд лæг. Кæрæдзийæн дæ бон хорз загътой. Зæронд лæг сæ афарста:
- Ацы хорз лæппутæ, кæдæм цæут?
- Куыстагур цæуæм, нæ фыдыхай, - загътой лæппутæ.
- Ис мæм иу кусæг æмæ хицауы бынат.
Æфсымæртæ кæрæдзимæ бакастысты.
- Цæй куыд бакæнæм. Райсæм сæ? Уæд цæргæ та кæм кæндзыстæм? - афарстой зæронд лæджы.
Зæронд лæг йæ къахæй зæхх æрхоста æмæ тыгъбыдыры сыгъзæрин галуан фестадис. Галуаны цæрæнуæттæ йемыдзаг уыдысты дарæс, хæлц æмæ сыгъзæрин мигæнæнтæй.
- Ныр уæ зонд æмæ уæ лæджыхъæд, - загъта зæронд лæг æмæ йæ фæндагыл араст.
Æфсымæртæ базыдтой, уый Уастырджи кæй уыд. Бацардысты сæ ног хæдзары, сæ цинæн кæрон нал уыдис. Кæстæр æфсымæр хистæр æфсымæрæн бар радта æмæ равзæрста хицауы бынат. Кæстæр æфсымæрæн баззад кусæджы бынат. Æфсымæртæ æркодтой бинонтæ æмæ хъаны цард кодтой. Кусæг зæххы æмæ фосдарды куыст кодта æмæ йæ куысты æмбисы хай лæвæрдта йа хицау - хистæр æфсымæрæн æмæ кæрæдзи уарзгæйæ цардысты. Паддзах нæ зыдтой, æлдар сын нæ уыд. Кæстæр æфсымæры цот куыд бирæ кодтой, афтæ сын галуан нал фаг кодта цæрынæн æмæ ног хæдзæрттæ арæзта. Хистæр æфсымæры цот размæ нæ цыдысты. Ас лæджы кармæ сæ ничи царди. Иукъорд азты фæстæ Уастырджи йæ фæндаг акодта æфсымæртыл. Загъта, абæрæг сæ кæнон, куыд цæрынц. Кæсы æмæ быдыры стыр сахар. Дис кæны: айæппæт хæдзæрттæ чи сарæзта. Уастырджи йæхи бацамыдта æфсымæртæн. Уæд ын хистæр æфсымæр афтæ зæгъы:
- Дон куы фæнуазын, уæд дæр фыццаг дæуæн фæкувын, фæлæ мæ мæт, мæ сагъæс бирæ у. Мæ цот размæ нæ цæуынц. Зæронды кармæ сæ ничи цæры.
- Хуыцауы æрвыст лæг Уастырджи йæ ныхас никуыма аивта. Æз уын загътон: Ныр уæ зонд æмæ уæ лæджыхъæд. Хи куысты фæллойæ цæрын хъæуы. Ис дын æрмæстдæр иу хос. Дæ кæстæр æфсымæры фарсмæ балæуу æмæ дæ маст дæ сагъæсæй фервæздзынæ.
Хистæр йæ хицаудзинады бынат ныууагъта æмæ балæууыд йæ кæстæр æфсымæры фарсмæ. Йæ цот дæр ныллæууыдысты куысты сæр сæ фыдимæ. Уыцы бонæй зæрыбонмæ цæрын байдыдтой. Абон дæр цæрынц, мæ хуртæ. Уыдон æрцыдмæ сымах бирæ цæрут.

#аргъау
#дудайтыгерсан