IRON ARGHAW
918 subscribers
1.13K photos
399 videos
362 files
304 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
СЛОНАТЫ СОФИАЙЫ ЗАРӔГ. (Вариант)
«Уой, мӕ сау тӕригъӕдӕй, загъта, ей, —
Слонаты хъал Софиа афтӕ бадзуры, — уой,
Мӕн мӕ дыууадӕс курӕгӕй мулчы фӕдыл
Гуырдзиаг кънйазмӕ чи радта, уой,
Мӕ инӕлар фыд ӕмӕ мӕ афицер ӕфсымӕр, уой,
Уӕй, мӕ тӕригъӕдӕй Дайраны хидыхъус хидгӕстӕй ныддауат,
Мӕнӕн мӕ цард чи фехӕлдта, уой.
Уой, мӕ инӕлар фыд дӕ инӕлары пъагонтӕ салдатӕй раивай,
Мӕн ӕнӕбары бонӕй зӕронд нӕл хуымӕ чи радта, уой,
Уой, мӕ тӕригъӕдӕй, — загъта Софиа, —
Фӕндараст ма фӕуат, мӕ фыд ӕмӕ ме ’фсымӕр,
Мӕн Душеты коммӕ чи фесӕфта,
Уой, ныр, дам, чи фехъусдзӕн мӕнӕн Душеты комӕй
Мӕ хъарджытӕ, — загъта, уой,
Слонаты рӕсугъд Софиа, уой!
— Уой, мӕстӕй, зӕгъы, уӕддӕр куыннӕ мӕлон, уой,
Райсомӕй раджы ӕнӕхсадӕй,
Ӕфтъӕрын, нуазын байдайы, уой,
Ацы гуырдзиаг хуы, уой.
Уой, райсомӕй изӕрмӕ та хуыррыттӕй фӕхуыссы,
Мӕнӕн та уымӕ кӕсынӕй мӕ зӕрдӕ фӕриссы, уой,
Уой, тӕхудиаг ӕмӕ ма ныр ирон барӕг
Чи фены», — афтӕ бадзуры Софиа.
Уалынмӕ Душеты комы ирон барӕг фӕзыны, уой.
Йӕ ехсы цӕфӕй рудзгуытӕ куы згъӕлынц,
Уой, рӕсугъд Софиайы йӕ фӕсарц куы рахӕссы
Уӕд, мӕ хуртӕ, Ирыстонмӕ, уой!

Ныффыста йӕ Гокъоты Мурат. ЦИГСИИ-йы архив.
#иронзарӕг
Цы сусӕг кӕнон,
Бирӕ кӕй уарзын,
Бирӕ кӕй уарзын, гъей
Мӕ иунӕг уарзон,
Дӕумӕ кӕй бадын,
Дӕумӕ кӕй бадын, гъей
Уӕд хъазты вӕййын
Фӕрсгӕ мӕ кӕнынц,
Фӕрсгӕ мӕ кӕнынц, гъей
Курӕг дӕ куы ис
Мой куыд нӕ кӕныс,
Мой куыд нӕ кӕныс, гъей
Кӕмӕн ракӕнын,
Мӕ сусӕг ныхас
Мӕ сусӕг ныхас, гъей
Уый дзы скӕны
Стыр тулдз бӕлас
Стыр тулдз бӕлас, гъей.
Уӕд та мӕ сагъӕс
Мӕ мадӕн зӕгъон,
Мӕ мадӕн зӕгъон, гъей
Бынтон ӕнамонд
Мӕхи куыд хонон,
Мӕхи куыд хонон, гъей..
Цы сусӕг кӕнон,
Бирӕ кӕй уарзын,
Бирӕ кӕй уарзын, гъей
Мӕ иунӕг уарзон,
Дӕумӕ кӕй бадын,
Дӕумӕ кӕй бадын, гъей
Фӕлӕ мӕ уый дӕр куы нӕ бамбара,
Куы нӕ бамбара, гъей
Мӕ къӕйных ныхас куы нӕ ныббара,
Куы нае ныббара, гъей
Сӕумӕйы ӕртах кӕрдӕгыл баззад,
Кӕрдӕгыл баззад, гъей.

Ныхӕстӕ - Дзиов Хадзбечыр.
#иронзарӕг
ЗÆРОНД ФÆНДЫРДЗÆГЪДÆГ.

Дард фæндæгтæ... Нал мæ хъæуынц,
— Иххост сыл ныддæн.
Мин фæндаджы цардмæ цæуынц,
Иу фæндаг — мæрдтæм.

Дун-дунетыл цас фæхаттæн,
Мемæ уыд фæндыр.
Иу бон-иу сæндæтты бадтæн,
Иннæ бон — мæгуыр.

Чызджытæн? Куыннæма цагътон,
Фæлæ амонд нæй. —
Фембæлæм,— кæмæн-иу загътон,
Уый мыл худт хъæрæй.

Лæппутæ та — сау уаритæ
Симдтой-иу æмæ
Хъазгæмхасæн сау суаритæ
Баппæрстой мæнмæ.

Бауарзтон æхцайы зæлланг
Амонды хуызæн.
Хъазты-иу мæ уæнгты фæллад
Давдæй фæци сæн.

Дард рæтты, Хуыцауæй разы,
Арфæйаг фæдæн.
Балцвæндæгтæ адæм уарзын
Сахуыр кодтой мæн.

Хорзæй иртасын æвзæры,— Уыйбæрц дæр мæ фæрс.
Чи цæмæй куыдтæтæ цæры,
Хорз базыдтон æз.

Иутæм нæй æфсармы хъæстæ, Фæлæ ссардтой уарт:
Аразгæ бæрзонд ныхæстæй Амайынц сæ цард.

Давынц дыккæгтæ æууæнкæй,
Се ’цæг ном — æмбæхст.
Хурæнгæс чызджыты зæнгтæй
Нал фæисынц цæст.

Иннæтæ сæ сæртæг хъæртæй
Амарынц æгъдау.
Урс бæргæ систы сæ сæртæ,
Зæрдæтæ та — сау.

Цыппæрæм нæ лæууы дзыхъхъы,
Хахуыртæ фыссы.
Чи уæлдæр хицауы дзыппы
’Хцайы бардз тъыссы.

Фæлæ цасфæнды уæнт уыдон,
Хорз лæгтæ — фылдæр.
Растдзинад æмæ фыдæбон
Равзарынц уæддæр.

Зæхх — сæ Хуыцау, æмæ курынц,
Агурынц дзы сой.
Хоры зад хуымтæ сæм худынц,
Хоры хуым — фæллой.

— Чи цас федта, уыйбæрц зоны,—
Загъта-иу фыдæл.
Нал уыд Ир йæ дард бæлццонæн
Сæмбæлын æнхъæл.

Ракæсут-ма, урссæр хæхтæ,
Нал мæ зонут, ау!
О мæ фæндыр, цины зæлтæ
Иры зæххыл тау!

Дард фæндæгтæ...
Нал мæ хъæуынц,—
Иххост сыл ныддæн.
Мин фæндаджы цардмæ цæуынц,
Иу фæндаг — мæрдтæм.

ЧЕДЖЕМТЫ АХСАР.
#иронзарӕг
ДÆ УАТЫ РУДЗЫНГ.

Хæдзæртты цæстытæ судзынц, Калынц ирд тæмæн.
Ам æрмæстдæр иунæг рудзынг
Рухс кæны мæнæн.

Б а з а р д:
Зæрдæ ахсæв дæр дард фæндтыл дзуры,
Фæлæ чи зæгъдзæн раст,
Рудзынгæй мæм амонд худы
Æви судзаггаг маст.

У мæнæн дæ уаты рудзынг
Рухс райсомты хъарм.
У мæнæн дæ уаты рудзынг
Ме ’нусон æфсарм.

Зæрдæ уарзтæй судзы, судзы
Æмæ мысын дæу.
Æнæ уалæ уыцы рудзынг
Цард мын цардау нæу.

ЧЕДЖЕМТЫ АХСАР.
#иронзарӕг
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Цырыхаты Мурат. Дӕ уаты рудзынг.
#иронзарӕг
БОТАСЫ ЗАРӔГ.
Асыйы рӕгъауӕй
Байраг ныууасыди.
Ботасы хъримаг
Иӕ хӕсты заманы
Галау ныууасыди.
Къӕвда боны фиййау,
Къӕвдайӕ тӕрсгӕйӕ,
Хъӕууаты фӕхызта.
Церекты булкъон,
Ботасӕй тӕрсгӕйӕ,
Йӕхи куы фембӕхста.
Сӕ фӕсцӕгатӕй, дам,
Сӕ сау хъуг ӕрхауди.
Ботасы фарсӕй, дам,
Йӕ сау туг ӕркалди.
Хилчъи, дам, хосгӕрст
Боболиты кӕрдӕгӕй.
Чи, дам, дӕ амардта
Къӕбуты ’рдыгӕй?
Уӕлӕ, дам, фиййаутӕ
Сӕ къустӕ фӕтылдтой.
Ботасы мардыл, дам,
Йӕ дыууӕ сау хойы
Сӕ рустӕ фӕтыдтой.
Дзӕбидырӕн йӕ иунӕг
Цъитийыл баззад.
Иӕ иунӕг мастисӕг
Дзидзийыл баззад!

#иронзарӕг
ХЪӔСТУАТЫ ХЪАЗЫБЕДЖЫ ЗАРӔГ.
Зилгӕйы хъӕуы уыд иу рӕсугъд чызг, Азиаты Дзего, зӕгъгӕ. Уый куырдтой зилгӕйаг Бӕтӕгаты Инӕрыхъо, ноджыдӕр заманхъуйлаг Хъӕстуаты Хъазыбег. Бӕтӕджы-фырт ӕмӕ Хъӕстуйы-фырт быцӕу байдыдтой Азиаты Дзегойыл. Сӕ иу загъта, мӕн уыдзӕн, иннӕ дӕр — афтӕ. Уӕд Дзего ныхъхъуыды кодта ӕмӕ загъта:
— Кӕсгон ӕлдар Ботасаты Хацъукуйы бӕхты рӕгъау чи ратӕра, уый уыдзӕни мӕ мойаг, кӕд сӕ Зилгӕйы уынгты ӕрбатӕра, уӕд. Уӕд Хъӕстуйы-фырт загъта:
— Мӕ фыд Гайтойыстӕн, ӕз Ботасаты рӕгъауӕн сӕ гыбар-гыбур ссӕуын кӕндзынӕн Зилгӕйы уынджы.
Ӕмӕ ӕцӕгдӕр ӕртыккаг ӕхсӕв Хъӕстуйы-фырт схӕццӕ кодта Зилгӕйы уынгмӕ Ботасаты рӕгъау. Зилгӕйы та уыди ӕхсӕвгӕс хъарагъул Бӕтӕгаты Инӕрыхъо. Баурӕдта Хъӕстуйы-фырты ӕд бӕхтӕ.
— Нӕ дӕ ауадздзынӕн.
Уӕд ын Хъӕстуйы-фырт афтӕ зӕгъы:
— Ау, цӕуыннӕ мӕ ауадздзынӕ, Азиаты рӕсугъд цы хӕс ӕрӕвӕрдта мах размӕ, уый ӕз сӕххӕст кодтон. Мӕ фыд Гайтойыстӕн, ацы фосӕй къӕдзил дӕр нӕ фендзынӕ.
Уӕд Бӕтӕджы-фырт дзуры:
— Уӕдӕ дӕ адзал ам и, Хъӕстуйы-фырт.
Хъазыбег уӕлбӕхӕй ньнтӕрах кодга Бӕтӕджы-фырты ӕмӕ йӕ афӕлдӕхта. Зилгӕ фӕфӕдис кодтой ӕмӕ Хъазыбегыл ӕрӕмбырд ысты. Дзуры сӕм Хъазыбег:
— Ӕ, Зилгӕ, Кодзырты балкъон файтоны размӕ, ӕз нал фӕцӕудзынӕн мӕ зӕронд фыд Гайтойы размӕ. Сау мӕры суадон цӕугӕ, зилгӕйӕ баззад, ӕнхъӕлдӕн ӕмӕ мӕ рӕсугъд Дзего кӕугӕ, ниугӕйӕ баззад. Куырды куырдадз куырдадзӕй баззад. Мӕ рӕсугъд Дзего мӕ номыл куырдуаты баззад.
Зилгӕ Цӕлыкк байуӕрстой йӕ быдыры тыххӕй.
Зилгӕ мӕнг ард бахордтой сӕ гуыбынты тыххӕй.
Зилгӕ амардтой Хъазыбеджы, Ботасаты бӕхтӕ байуӕрстой хӕдзаргай. Дзего Хъазыбегыл сау фӕдардта фондз азы, стӕй йӕ Хуымарты Хаджумар — кӕрдзинаг ӕрхаста. Дзего абон ӕгас нал у. Рухсаг уӕнт Дзего дӕр ӕмӕ Хъазыбег дӕр.

ЦИГСИИ-йы архив.
#иронзарӕг
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
«Мады ном» Челдыты Вадим, Кумаритаты Тенгиз.

#иронзарӕг
МАДЫ НОМ

Куы араст вæййæм дард балцы нæ кæртæй,
Куы скъуырæм искуы фæндагыл нæ къах,—
Дæ сау дзыкку ысурс вæййы нæ мæтæй
Æмæ вæййæм дæ иунæг катай мах.

Ныййарæг мад, ныййарæг мад, дæ номыл
Мæ цинтæ ’мæ мæ сагъæстæ бæттын.
Æз федтон хур дæ къухтæй хуыд хæдоны,
Дæ хуыд дзабырты базыдтон цæуын.

Нæ рухс фæндты дын рæстæджы уынæрмæ
Цъæх арвы тынæй къабатæ хуыйæм.
Нæхи сæртæ ысурс вæййынц, уæддæр ма
Нæ мадæлтæн сывæллæттæ вæййæм.

Тæхудиаг, йæ цин æмæ рæвдыдæй
Кæмæн бантыст дæу самондджын кæнын.
Фæлæ нын хай куы нал вæййы дæ уындæй,
Уæд, ехх, мæ бон, куыд тынг зын у цæрын.

Ныййарæг мад, ныййарæг мад, дæ номыл
Мæ цинтæ ’мæ мæ сагъæстæ бæттын.
Æз федтон хур дæ къухтæй хуыд хæдоны,
Дæ хуыд дзабырты базыдтон цæуын.

ЧЕДЖЕМТЫ АХСАР
#иронзарӕг
БӔГӔНЫЙЫ ЗАРӔГ.

Уӕлӕ хохӕй цъиу ратахти
Ӕмӕ дыргъдонмӕ куы ныззылди,
Дыргъбыны бӕласыл бабадти.
Хуымӕллӕджы мӕцкъортӕ бахордта,
Уый, дам, йӕ сӕрмӕ бацыди,
Ӕмӕ бӕласӕй рахаудта.
Мӕгуыр сугдзау ӕй куы ссардта.
Мӕнӕ, дам, диссаг, ӕмбисонд! Сатанамӕ йӕ бахаста,
Уый, дам, ӕй артмӕ батавта. Мӕгуыр цъиу омынтӕ байдыдта, Хуымӕллӕджы мӕцкъортӕ фӕкалдта.
Мӕнӕ, дам диссаг, ӕмбисонд! Сатана хохмӕ арвыста, — Уырдыгӕй йын зад куы ’рхастой, Уымӕй бӕгӕны куы скодта,
Бӕгӕны та сау бӕгӕны,
Сау бӕгӕны, сой бӕгӕны!
#иронзарӕг
Сау хохы фиййау.

Уӕй, уӕй, Сау хохы фиййау... гъей!
Сау хохы фиййау мын Урс хохмӕ дзырдта. ой ӕмӕ!
Ой, ой, бецау фиййау!

Уӕй, уӕй, уазджытӕ дӕм фӕцӕуы- гъей!
Уазджытӕ' не сты удхӕсджытӕ сты, ой ӕмӕ!
Ой, ой, бецау фиййау!

Уӕй, уӕй ,тӕрсгӕ сӕ ма кӕн... гъей!
Тӕрсгӕ сӕ ма кӕн, кӕсгӕ сӕм ракӕн, ой ӕмӕ!
Ой, ой, бецау фиййау!

Уӕй, уӕдӕ, дӕ фосы астӕу - гъей!
Дӕ фосы астӕу ис бурӕ' нӕл фыс, ой ӕмӕ!
Ой, ой, бецау фиййау!

Уӕй, уӕй, ей, уый сын раргӕвд- гъей!
Йӕ бас сын сой у, йӕ фыд сын марг у, ой ӕмӕ!
Ой, ой, бецау фиййау!
#иронзарӕг
ХЪУДЫ АБЫРДЖЫТЫ ЗАРӔГ.
Ломисы сӕрӕй,
Нӕ худтӕ райсӕм.
Цомут, знӕгтӕй
Нӕ тугтӕ райсӕм,
Ой, Цыппу,
Дзӕнӕты бадай.
Уӕлӕ Ходзы
Уадиты уасӕг.
Мах фондзӕй
Ломисы уазӕг.
Ой, Сугъар,
Дзӕнӕты бадай.
Уӕртӕ Хъудӕн
Ӕнгуыр-ӕндон.
Ӕнӕнцой фӕуа
Нӕ гуырӕн бон.
Ой, Гайти,
Дзӕнӕты бадай.
Сомихаджы байраг
Къуци хуыдтой.
Хъуды абырджытӕ
Сармадзаны нӕмыг
Пурти хуыдтой.
Ой, Цыппу,
Дзӕнӕты бадай.
Гуры чырынтӕ
Цъӕх авг суагътой,
Хъуды мӕсгуытӕ
Цъӕх арт суагътой,
Ой, Сугъар,
Дзӕнӕты бадай!

Чиныг «Хуссар Ирыстоны фольклор». Сталинир, 1936 аз.
#иронзарӕг