IRON ARGHAW
918 subscribers
1.13K photos
399 videos
362 files
304 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
ДЗУАРЫ ХЪӔД.
Дзуары хъӕды цуан кӕныны бар нӕй. Нӕ фӕччы. Нӕдӕр
ӕм хӕцӕнгарзимӕ цӕуын фӕччы.
Фӕлӕ иухатт иу тыхлӕг цуанон адӕммӕ нӕ байхъуыста.
Дзуары хъӕдма цуаны ацыд. Фыццаг-фыццаг ницӕуыл хост
кодта, стӕй ӕрдузы йӕ цӕст сагыл скъуырдта, амӕ йӕ ныггӕрах кодта. Фӕла гӕрах нӕма фӕхъус, афтӕ цуаноны хъусты
азӕлыд:
— Уый иу уыдис, ӕмӕ дӕ хӕдзарӕй иу фӕхъӕуӕд.
Стӕй та — ногӕй.
Стӕй та — ногӕй...
Уӕддӕр саджы мард ӕрласта сӕхимӕ, ӕмӕ йӕ иунӕг лӕппуйы ӕрӕййӕфта мардӕй.

Ныффыста йӕ Хъазиты Мелитон, Куыдзеты Мукъайы фырт Валодяйы ныхасӕй 2000-ӕм азы Майрӕмыкуадзӕны мӕйы 4-ӕм бон.

#таурӕгъ
ИРОН ӔФСАД ЦӔУЫЛНӔ ИС.
Алы адӕмӕн дӕр сӕхи ӕфсад вӕййы. Мӕнӕ советон рӕстӕджы дӕр алы адӕмӕн сӕхи ӕфсад уыдис бынтон ӕрӕджыйы онг.
Фыццаг ирӕттӕн дӕр сарӕзтой нӕхи ӕфсад. Уыцы бӕзӕрхыг, ӕлвӕст лӕппутӕм кӕсынӕй зӕрдӕ рухс кодта. Рӕнхъӕй сӕ ралӕууын кодтой, ӕмӕ сын бардзырд радтой:
— Фыццаг, дыккаг ранымайут!
Фыццаг лӕппу фӕхъӕр кодта:
— Фыццаг!
Дыккаг лӕппу дӕр фӕхъӕр кодта:
— Фыццаг!
Ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕфсадыл сӕрӕй кӕронмӕ хъӕргӕнгӕ ацыдысты:
— Фыццаг!
— Фыццаг!
— Фыццаг!
Командӕгӕнӕг сӕрра:
— Ӕмӕ дыккӕгтӕ кӕм сты?
Ирӕттӕ йын бамбарын кодтой, махмӕ дыккӕгтӕ кӕй никуы уыд, кӕй нӕй ӕмӕ кӕй нӕ уыдзӕни. Max дыккӕгтӕй нӕ хъазӕм.
Дӕ , уӕд хъуамӕ уай фыццаг. Ӕмӕ фӕцис.
Ӕфсады та уый гӕнӕн нӕй. Ӕфсад нӕм уый тыххӕй нал ис.

Нывгӕнӕг @barbarianstyle

Ныффыста йӕ Хъазиты Мелитон, Хъазиты Уанкъайы фырт Ресойы ныхасӕй 1974-ӕм азы Джеоргуыбайы мӕйы 25-ӕм бон.

#таурӕгъ
ДЗӔНӔТЫ КЪУЫМ.
Хуыцау адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд сӕ бынат дӕр хъуыдис, ӕмӕ сын йӕ зӕххытӕ байуӕрста. Иу дзӕбӕх, дзӕнӕты къуым ма ныууагъта йӕхицӕн ӕмӕ уым царды дзӕбӕхӕй ӕрвыста йӕ бонтӕ .
Фӕлӕ иу бон кӕсы, ӕмӕ йӕм ирон уӕздан зӕронд лӕгтӕ ӕрбацыдысты.
— Цы хабар уӕм ис? — фӕрсы сӕ Хуыцау.
— Max зӕхх та кӕм ис? — бафарстой йӕ ӕфсӕрмдзӕстыгӕй.
Хуыцау сӕ разы йӕхӕдӕг дӕр фӕкъӕмдзӕстыг:
— Алы хатт уе 'фсӕрмы тыххӕй фӕсте баззайут. Фӕлӕ уӕ афтӕмӕй ӕз сфӕлдыстон ӕмӕ ацы зӕхх ныууагътон мӕхицӕн, ныр сымах уӕд. Ӕз цӕуын уӕларвмӕ .
Уӕдӕй нырмӕ Хуыцауы дзӕнӕты зӕхх, Ирыстоны, цӕрӕм мах, ирӕттӕ , йӕхӕдӕг та нӕм кӕсы уӕларвӕй. Сызгъӕрин фестӕд.

Ныффыста йӕ Хъазиты Мелитон, Хъазиты Уанкъайы фырт Ресойы ныхасӕй 1984-ӕм азы Джеоргуыбайы мӕйы 7-ӕ м бон.

#таурӕгъ
МАДЫ ÆЛГЪЫСТ.
Мæ фыд Увæдзæй йæ æрыхъуыстон... Фыдæлтæ, дам, куыд дзырдтой, афтæмæй Хъæрæгъæцы, уымæй уæлæмæ — Урсдоны доны фæйнæфарс, Фадау æмæ Соппæры тъæпæнты раздæр Ногъа цардысты. Кæд уыди — мæгъа. Уæд Ир, æвæццæгæн, ацы рæтты нæма уыдысты.
Гъемæ, цæмæйдæриддæр, иу хатт Ногъайæн сæ чындзытæй иуы судзгæ маст бацыди: авдæнмæ йын йæ сывæллоны къухмæ чидæр гæккуырийы мард баппæрста, æмæ йæ уый дæр йæ дзыхы бакодта. Афтæмæй йæ хъуырьг фæбадт æмæ амарди. Мад æй никæмæн схъæр кодта, бамбæхста йæ.
Сусæгæй хуыцаумæ йæ тæригъæдтæ фæхъардта, кæмæн цы кодтон, зæгъгæ, стæй донмæ рацыд. Иæ гогоны дон систа æмæ ралгъыста: «Ацы зæххыл абонæй фæстæмæ лæппу усгур ма кæнæд, чызг — чындздзон чызг, рæуæд гал ма суæд... Ацы зæхх авд хатты хъæууат фæуæд!» — йæхæдæг дон асæххæтт ласта. Хæдзармæ афтид гогонимæ баздæхт.
Æхсæвы йе ’дзард сывæллоны йæ хъæбысы систа æмæ, цы фæци, уый бæрæг нал сси.
Зæрæдтæ-иу, æцæгдæр, дзырдтой: «Ацы зæхх æлгъыст у, авд хатты хъæууат фæци — авд адæмы фæлтæры дзы æрцард æмæ сыл 111 дзы цард никуы ’рхæцыд. Æмæ-иу фæлыгъдысты...» Ногъайæн ма ныр дæр сæ мæсыг æмæ сæ зæппæдзтæ Къорайы сæрмæ Фадауы рагъыл зынынц. Мады æлгъыст цæуаг у.
Гъе, ахæм таурæгъ дæр ис.

Агъиианы ныхæстæ, Цæрукъаты Ал. фыст, 1970 азы, 17 май, г. Орджоникидзе.

#таурӕгъ
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Фыдӕлты таурӕгътӕ, Едзиты Андрей.

#таурӕгъ
ИНДЖЫНТЫ ХЪÆУ КУЫД РАВЗÆРД.
Цъамадон фыййау йæ фос хызта, ныр хъæу — Инджынтæ кæм и, уыцы ран. Хæрынафон фысы æрдыгъта, хъæзын къус æрæвæрдта къутæры рæбын æмæ йæ хызынæй кæрдзын исы. Цалынмæ йæ хызынимæ архайдта, уæдмæ æхсыр бацахст. Къусы уыди инджын цыхт.
— Ай цæрынæн диссаджы ран куы у! — загъта фыййау.
Æмæ уырдæм æрлыгъд æд бинонтæ. Уыцы фыййау уыди Цæрукъатæй. Иæ фæдыл æрцыдысты иннæтæ дæр. Цæрукъатæ сæ хъæу схуыдтой Инджынтæ. Семæ ма Инджынты цардысты Зембаттæ дæр. Уыдон иу фыдæлæй рацыдысты. Æфсымæр ма сын сты Тæбæхсæутæ, Хъайыртæ, Бигъуылитæ.

Агънианы ныхæстæ, Цæрукъаты Вл. фыст, 1975 аз, 22 дскабрь, г. Орджоникидзе.

Нывгӕнӕг Дзанайты А.

#таурӕгъ
АМРАН ÆМÆ ЦУАНОН.
Даредзанты Амран зæххыл тых кæмæн не ’скодта, ахæм ын нал баззади. Æрмæст ма йын Хуыцау уыд æнæ фæлвæрдгонд, æмæ байдыдта хъавын Хыцаумæ,— кæм ыл æрхæст уыдзынæн, зæгъгæ.
Уæд фæндагыл æрбацæуы Хуыцау, йæ бæхыл бадгæйæ. Сæмбæлд Амраныл æмæ йæм дзуры:
— Дæ фæндаг раст, Амран, мæ хæрæфырт.
Амран æм дзуры:
— Дæ хъуыддаг раст, мæ мадырвад! Рахиз ма дæ бæхæй æмæ рахæцæм хъæбысæй, кæддæра нæ чи фæтыхджындæр уаид.
Уæд æм Хуыцау фæхудти:
— Амран, мемæ хæцынæн ницы скæндзынæ ды.
Хуыцау æм ехс раппæрста æмæ дзуры Амранмæ:
— Уæдæ ма мæм гъеуый сдæтт.
Амран æрæвнæлдта ехсмæ æмæ йæ змæлын дæр нæ фæкодта. Уæд æм Хуыцау фæмæсты, йемæ хъæбысæй кæй хæцыд, уый тыххæй, æмæ йыл дзуæртты бафтыдта. Уыдон Уæрсæджы - хохыл бабастой Амраны.
Афтæмæй Даредзанты Амран абон дæр Уæрсæджы хохыл бастæй лæууы лæгæты. Афæдзæй афæдзмæ йæ дуар иу гом кæны.
Иу цуанон ацыд цуаны Уæрсæджы хохмæ. Бараст кодта хохы комы æмæ бафтыд лæгæты дуармæ. Лæгæты дуар фегом и Хуыцауы зондæй.
Бакасти, æмæ Даредзанты Амран æфсæн рæхыстæй баст, йæ бынаты цъæх арт, цъæх фæздæг уадзы. Йӕ цæстытæ сты галы къæлæтыйæстæ, йæ цæнгтæ—хъæды стæвдæнтæ. Цуанон дзы фæтарст æмæ фæстæмæ рацæйлыгъди.
— Тæрсгæ ма фæкæн æппындæр, æз Даредзанты Амран дæн, æмæ мæм рацу æввахсдæр.
Цуанон æм бацыди æввахс æмæ йæ афæрстытæ кодта рагон заманы хабæрттæй.
— Уæртæ къулыл мæ кард ис, æмæ мæм æй æрбахæстæг кæн.
Кардмæ бавнæлдта цуанон Кудзи Дзудты æмæ йæ змæлын дæр не ’скæнын кодта.
— Мæ бон нæу уый райсын æмæ цы кæнон?
— Дæ иу къухæй карды босыл хæц. Иннæ къух æри ардæм.
Цуанон йæ иу къухæй карды босыл ныххæцыд, иннæ радта Амранмæ. Æрбахæцыд ыл Амран йæхимæ, ӕмæ фæцæй скъуыдысты йæ цæнгтæ. Ныхъхъæр кодта Дзудты Кудзи:
— Мæ цæнгтæ мын фескъуыныс!
Феуæгъд æй кодта Амран æмæ йæм дзуры:
— Цæугæ кæн тагъд. Уæларвæй рауадзгæ рæхыс кæд искуы зоныс, уæд мæм æй хæццæ кæн ардæм, усы хъæлæба дыл куыннæ сæмбæла, афтæмæй. Æз уын кæд аирвæзон, зæххон адæм, уæд уæ амонд æрцæудзæн.
Кудзийæн уæларвæй рауадзгæ рæхыс йæхимæ уыд æмæ байдыдта уырдыгæй згъорын. Æрхæццæ сæ хæдзармæ, раппæрста сæ рæхыс æмæ йæ фæхæссы. Иæ ус æй куы федта, уæд æм фæсте ныкъхъæр кодта:
— Кæдæм мын фæхæссыс мæ рæхыс?
Афтæмæй хохы дуар сæхгæдта Амраныл æмæ баззад бастæн уым.

Радзырдта йæ Г у ы б а т ы Д з а к к о. ,,Ирон адæмон сфæлдыстад", фæндзæм чиныг, Орджоникидзе, 1941, ф. 205.

#таурӕгъ
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Фыдӕлты таурӕгътӕ
Едзиты Андрей

#таурӕгъ
Къæдзæхы байбынгонды сæхицæн сихор аджы бауæларт кодтой. Иуахæмы къæдзæхы фахсыл калм йæ зонгæ фæдыл фæцæйхылд. Арты æвзæгтæ дур стæвд кодтой, уый цæмæй зыдта, æмæ йæ дур судзын куы райдыдта, уæд йæхи атымбыл кодта, фахсæй рахауд æмæ аджы ныххаудта. Хосгæрдджытæй йæ ничи бафиппайдта, сæ уæззау куыстæй сæ агмæ нæ равдæлд. Сихорыл фæлладæй маргхъæстæ хæринагæй бахордтой æмæ æхсæзæй дæр æнустæм мæрдвынæй баисты.
Æхсæз хосдзауы, кæй зæгъын æй хъæуы, баныгæдтой хъæуы уæлмæрды. Кæм бабын сты, уым та сын цыртытæ сæвæрдтой. Уыдон сæ рох кæнын нæ уадзынц. Фæндаггонтæн дзурынц, ам Хуыриатæй цы фондз æфсымæры æмæ æмхъæуккаг бабын, уыдоны зæрдæриссæн хабар.

#цгъойтыхазби
#таурӕгъ
ÆФСИС ЗОНЫН ХЪÆУЫ. Незаманты, дам, иу зæххъуаг мæгуыр лæг æрвылбон Хуыцаумæ куывта, хъуырыцъарæй дзы куырдта зæххы гæппæл. Хуыцау мæгуыр лæджы сагъæсмæ, хъынцъыммæ æрфæлмæн æмæ йæм Уастырджийы æрæрвыста. Загъта йын: «Фæцу уыцы лæгмæ æмæ йæ, зæхх цас хъæуы, уый бæрц ын радт».
Æртахт уæларвæй зæхмæ Уастырджи, бацыд мæгуыр лæгмæ, йæхи йын бацамыдта, загъта йын Хуыцауы фæндон дæр.
Лæг Хуыцау æмæ Уастырджийы аудындзинадæй фæкуыддæр, фæуыргъуыйау æмæ, сæ зæхх цас ракуырдтаид, уый нал зыдта. Уæд ын Уастырджи афтæ:
- Райсомы хурыскастæй изæры хурныгуылдмæ дæлæ тыгъд быдыры фæцу, цас зæхх дæ хъæуы, уымæн йæ алыварс æрзилын дæ къухы куыд бафта, афтæ.
Лæг æхсæвы фырадæргæй рæстмæ фынæй дæр нæ бакодта. Хурыскаст ын куы аирвæза æмæ стыр зæххы алыварс æрзилын йæ къухы куы нæ бафта, уымæй тæрсгæйæ. Æмæ куыддæр хурыскæсæны ’рдыгæй арвыл хур йæ был сдардта, афтæ атындзыдта размæ. Бон-изæрмæ куы згъоргæ, куы цæугæ, - иу уысм не ’рулæфыд, хæргæ дæр - цæугæ-цæуын къæбæрæй йæхи фæсайдта.
Фæсæмбисбон Уастырджи, лæг кæцæй араст, уым йæхи Цъæх нæууыл æруагъта, изæрмæ йæм банхъæлмæ кæсон, зæгъгæ. Хур æрвгæронмæ æрæввахс, фæлæ лæг зынæг нæй. Уастырджийы зæрдæ йæм фехсайдта, йе ’рткъахыг бæхыл абадт æмæ фæцагайдта йæ агурæг. Быдыры йæ лæф-лæфгæнгæ згъоргæ баййæфта æмæ йæм дзуры:
- Хур аныгуылынмæ бирæ нал ис, дæ фæндаг фæцæхгæр кæн. Фаг дын у.
- Нæу мын фаг! Нæу! Уæлæ ма тæрфытыл дæр æрзилон.
- Хурныгуылдмæ кæцæй рацыдтæ, уырдæм куы нæ бахæццæ уай, уæд дæ фыдæбон фæдзæгъæлы уыдзæн.
Лæг уæддæр нæ басаст, фæлæ ноджы тынгдæр атагъд кодта. Цы тæрфыты кой кодта, уыдоныл æрзилын дæр йæ къухы бафтыд. Æмæ мæнæ фæхæццæ кæны, кæцæй рацыд, уырдæм. Бирæ йæ нал хъæуы, бирæ нал хъæуы хуры æрныгуылдмæ дæр. Тыхсти, бафæллад, фæлæ уæддæр тындзы размæ. Йæ уд йæ хъуырæй схауы, фæлæ мæнæ.., мæнæ, ныртæккæ сæххæст уыдзæн йæ бæллиц.
Бахæццæ, кæцæй рацыд, уырдæм. Дыууæ къахдзæфы ма йæ хъæуы, æмæ хур дæр æрвгæрон фæаууон уыдзæн, фæлæ йæ къах айсын нал бафæрæзта æмæ размæ бахауд, йæ къух баивæзта, кæцæй рацыд, уый бæрæггæнæнмæ - баххæссыд æмæ сдзырдта:
- Æгъи. Ныр мын фаг у! - æмæ йæ уд систа.
- Фаг дын у, фаг. Дæ бæрцæй фылдæр дæ нæ хъуыд. Æфсис чи нæ зыдта, уый! - загъта Уастырджы мæстджынæй æмæ ныппæррæст кодта уæларвмæ.

#цгъойтыхазби
#таурӕгъ