IRON ARGHAW
925 subscribers
1.15K photos
403 videos
362 files
305 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
IRON ARGHAW
Photo
Фӕцӕрын бирӕ- нӕу мӕнмӕ нымад,
Куы нӕ дӕ уа дӕ дзыллӕты хсӕн кад:
Мӕн дуг батонын халонӕй нӕ фӕнды
Мӕн а зӕххыл цӕргӕсӕй хъӕуы цард.

Мӕ цӕрӕнбон кадаварӕй нӕ фауын,
Ӕз иу хорзӕхмӕ, иу фарнмӕ бӕллын:
Мӕ удмӕ уымӕй а зӕххыл цы хауы,
Тӕхуды, базон уый лӕджы фыртау цӕрын!

Мӕ хуры тын, ма царды бон- поэзи,
Мӕ удвӕрдыг, мӕ ӕнӕрхъӕцгӕ уарзт:
Мӕ амонд кӕд сӕ иуы фаг дӕр не сси
Мӕ хысмӕтӕй уӕддӕр нӕ кӕнын хъаст.

#бырнацтыбарон
- Мæнæ ма ам æрлæуу, æз де рагъмæ сгæпп кæнон æмæ бирæгъмæ акæсон, кæддæра ма уым ис!
Баууæндыд та фыр ацы хатт дæр рувасыл. Куыд ын загъта, афтæ бакодта: цар цы ран фегом, уый бынмæ бауад. Рувас йе рагъмæ сгæпп кодта, уырдыгæй - хуынкъмæ æмæ федде ис. Йæхæдæг бынмæ æркаст æмæ фырмæ æрдзырдта: «Фыс уыдтæ æмæ фысæй баззадтæ... Мæ сайд фæу...»

#аргъау
#бырнацтыбарон
ХИНӔЙДЗАГ ДЗУАПП.
Дзеуа-иу йæхæдæг исты куыста, уæд-иу цæст нæ хæцыд йæ фезмæлдыл. Гъе, фæлæ йæ зоны, ай иумæйаг хъуыддаг у, уæд-иу алы 'фсæнттæй йæхи сайдта куыстæй. Мæнæ та ныр дæр, кæмæдæр фæззæгмæ хорыл нартхор рувгæйæ, «мæ сæр риссы», зæгъгæ, сæфсон кодта йе 'мбæлттæн æмæ бæлæсты бынмæ аууонмæ йæхи байста. Хур раджы акъул, уæддæр Дзеуа зынæг нæй. Нал фæлæууыд Датуа æмæ йæм фæхъæр кодта:
- Цы фæдæ, Дзеуа? Рацу акус, кæд ма нын исты бантысид. Хур фæцæуы, уый нæ уыныс?
- Датуа, æмæ æз куы акусон, уæд йæ цыд бауромдзæн? - бæлæсты бынæй райхъуыст Дзеуайы ныхас.

#бырнацтыбарон
#хъӕлдзӕгныхӕстӕ
Фыс.
«Мæ хуызæн коммæгæс уæвын
Хъæуы», - фыс вазыгджынæй загъта, -
Æмæ æрхуыссыд карды бын.

#бырнацтыбарон
#эпиграммӕтӕ