IRON ARGHAW
910 subscribers
1.12K photos
396 videos
362 files
302 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
ЛӔГ ӔМӔ АРС.
Лӕг ӕмӕ арс бадзырдтой: нӕ дыууӕйӕ райсомӕй хур раздӕр чи фена, уый хӕцдзӕргӕ цард кӕнӕд.
Райсомӕй лӕг хурыскӕсӕнырдӕм кӕсын байдыдта арс та, бӕрзонддӕр цы хох уыди, уый цъупмӕ.
Уалынджы хур бӕрзӕндтӕм скаст, ӕмӕ арс фӕхъӕр кодта:
— Уӕлӕ хур!
Уымӕ гӕсгӕ арс ныр дӕр ма хӕцдзӕргӕ цард кӕны, лӕг та тухитӕ кӕны.
#аргъау
ЗÆРОНД ФÆНДЫРДЗÆГЪДÆГ.

Дард фæндæгтæ... Нал мæ хъæуынц,
— Иххост сыл ныддæн.
Мин фæндаджы цардмæ цæуынц,
Иу фæндаг — мæрдтæм.

Дун-дунетыл цас фæхаттæн,
Мемæ уыд фæндыр.
Иу бон-иу сæндæтты бадтæн,
Иннæ бон — мæгуыр.

Чызджытæн? Куыннæма цагътон,
Фæлæ амонд нæй. —
Фембæлæм,— кæмæн-иу загътон,
Уый мыл худт хъæрæй.

Лæппутæ та — сау уаритæ
Симдтой-иу æмæ
Хъазгæмхасæн сау суаритæ
Баппæрстой мæнмæ.

Бауарзтон æхцайы зæлланг
Амонды хуызæн.
Хъазты-иу мæ уæнгты фæллад
Давдæй фæци сæн.

Дард рæтты, Хуыцауæй разы,
Арфæйаг фæдæн.
Балцвæндæгтæ адæм уарзын
Сахуыр кодтой мæн.

Хорзæй иртасын æвзæры,— Уыйбæрц дæр мæ фæрс.
Чи цæмæй куыдтæтæ цæры,
Хорз базыдтон æз.

Иутæм нæй æфсармы хъæстæ, Фæлæ ссардтой уарт:
Аразгæ бæрзонд ныхæстæй Амайынц сæ цард.

Давынц дыккæгтæ æууæнкæй,
Се ’цæг ном — æмбæхст.
Хурæнгæс чызджыты зæнгтæй
Нал фæисынц цæст.

Иннæтæ сæ сæртæг хъæртæй
Амарынц æгъдау.
Урс бæргæ систы сæ сæртæ,
Зæрдæтæ та — сау.

Цыппæрæм нæ лæууы дзыхъхъы,
Хахуыртæ фыссы.
Чи уæлдæр хицауы дзыппы
’Хцайы бардз тъыссы.

Фæлæ цасфæнды уæнт уыдон,
Хорз лæгтæ — фылдæр.
Растдзинад æмæ фыдæбон
Равзарынц уæддæр.

Зæхх — сæ Хуыцау, æмæ курынц,
Агурынц дзы сой.
Хоры зад хуымтæ сæм худынц,
Хоры хуым — фæллой.

— Чи цас федта, уыйбæрц зоны,—
Загъта-иу фыдæл.
Нал уыд Ир йæ дард бæлццонæн
Сæмбæлын æнхъæл.

Ракæсут-ма, урссæр хæхтæ,
Нал мæ зонут, ау!
О мæ фæндыр, цины зæлтæ
Иры зæххыл тау!

Дард фæндæгтæ...
Нал мæ хъæуынц,—
Иххост сыл ныддæн.
Мин фæндаджы цардмæ цæуынц,
Иу фæндаг — мæрдтæм.

ЧЕДЖЕМТЫ АХСАР.
#иронзарӕг
Зебрӕты астӕу ӕмбӕхст зыгъарӕг, ссарут ӕй.

#сӕрсӕттӕн.
ХЪРЫМЫ ХАН ӔМӔ УЫРЫСЫ ӔРЦЫД.
Раджы кӕддӕр нӕ адӕм Хърымы ханӕн хъалон фыстой. Уӕд дын иухатт иу фиййау иннӕмӕ дзуры, сӕ цуры Биасланты Асланбег лӕууыд, афтӕмӕй: «Тӕхуды -ӕмӕ Биасланты фыртӕй куы уаин!» — «Ӕмӕ цы ракӕнинаг дӕ уӕд?» — афарста йӕ иннӕ фиййау. — «Ӕз Бибертмӕ фӕцӕуин ӕмӕ йын зӕгъин, цӕттӕ у, зӕгъгӕ. Мӕхӕдӕг Хърымы ӕфсад ӕрхонин, Ахсӕуӕты коммӕ йӕ басаин, нӕ адӕмы ӕрӕмбырд кӕнин ӕмӕ ӕхсӕвы Хърымы ныццӕгъдиккам».
Уыцы ныхӕстӕ Асланбег фехъуыста ӕмӕ афтӕ бакодта. Тӕтӕр фӕлыгъдысты нӕ бӕстӕйӕ, ӕмӕ нӕ адӕм та хъалон фидын райдыдтой кӕсӕджы Биаслантӕн— ир дӕр ӕмӕ дыгур дӕр. Уӕд уырыс амы рӕтты нӕма уыдысты ӕмӕ Биаслантӕ иуцасдӕр рӕстӕг афтӕ хъалонисджытӕй уыдысты.
Стӕй фӕзындысты уырыс ӕмӕ Биасланты ныппырх кодтой, дыгур дӕр сӕ сӕхимӕ нал уагътой, ӕмӕ афтӕмшй Биаслантӕ слӕмӕгъ сты.
Фӕстагмӕ уырыс ӕрбацыдысты ӕввахсдӕр ӕмӕ ӕрцардысты Терчы доны былтыл. Нӕ заманы нӕм ӕрцыд Дыгурмӕ Абхаз- инӕлар дӕр фӕци. Уый фӕстӕ нӕм иу гуырдзиаг сауджын, Самарганов Никъалай, зӕгъгӕ, ӕрцыд ӕмӕ чи саргъуыдтаид, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр сомырдӕг лӕвӕрдта. Уӕд аргъуыд ӕрцыд ӕртӕфондзыссӕдз адӕймагыл.

Вс. Миллер ныффыста 1880 азы сӕрды Стыр Дыгуры хъӕуы.
#таурӕгъ
ФЫЙЙÆУТТÆ ÆМÆ КУЫЙТÆ.
Фыййæуттæ нæл фыс аргæвстой,
Нард нæл фысы фыд хордтой,
Куыйтæ сæм æнхъæлмæ кæсынц,
Æхсыд стджытæ сын дæттынц.

«Ехх! — загъта зæронд куыдз, — Дзуг мах хъахъхъæнæм,
Сырд, æвзæргæнæг дзугмæ
Æмгæрон нæ уадзæм,
Фæлæ нæ уæддæр тæрынц,
Æхсыд стджытæ нын дæттынц».

#гӕдиатысекъа
#ӕмбисонд
ДÆ УАТЫ РУДЗЫНГ.

Хæдзæртты цæстытæ судзынц, Калынц ирд тæмæн.
Ам æрмæстдæр иунæг рудзынг
Рухс кæны мæнæн.

Б а з а р д:
Зæрдæ ахсæв дæр дард фæндтыл дзуры,
Фæлæ чи зæгъдзæн раст,
Рудзынгæй мæм амонд худы
Æви судзаггаг маст.

У мæнæн дæ уаты рудзынг
Рухс райсомты хъарм.
У мæнæн дæ уаты рудзынг
Ме ’нусон æфсарм.

Зæрдæ уарзтæй судзы, судзы
Æмæ мысын дæу.
Æнæ уалæ уыцы рудзынг
Цард мын цардау нæу.

ЧЕДЖЕМТЫ АХСАР.
#иронзарӕг
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Цырыхаты Мурат. Дӕ уаты рудзынг.
#иронзарӕг
ДЫУУӔ ХЪӔУӔЙ ДЫУУАДӔС ИНӔЛАРЫ.
Мӕздӕджы фарсмӕ Терчы къабаз чысыл цӕугӕдон Ерастийы былгӕрон ирон хъӕутӕ Черноярск ӕмӕ Новоосетинскӕйӕ фӕзындысты XIX ӕнусы. Ацы хъӕуты цӕрӕг ирӕттӕ уырысимӕ, растдӕр зӕгъгӕйӕ, хъазахъхъимӕ афтӕ ӕнгом цардысты, ӕмӕ сӕ 1825 азы ныффыстой хъазахъхъыл. Хонын та сӕ райдыдтой ирон хъазахъхъӕгтӕ.
Черноярск ӕмӕ Новоосетинскӕйӕ систы станицӕтӕ. Сӕ нӕлгоймаг фӕсивӕды сын кодтой паддзахы ӕфсады службӕмӕ. Сӕхӕдӕг дӕр тырныдтой афицер суӕвынмӕ, хӕсты быдыры фесгуыхынмӕ. Ӕмӕ ацы дыууӕ хъӕуӕй бирӕ ӕфсӕддон интеллигенци рацыд ӕфсӕддон уӕлдӕр цинимӕ, бирӕ сгуыхт лӕгтӕ. 300 афицерӕй фылдӕр уыд ацы дыууӕ хъӕуы. Уыдонӕй 12 систы инӕлартӕ, 29 — булкъонтӕ, сӕдӕйӕ фылдӕрӕн дзы саккаг кодтой кадджын хӕрзиуӕг — Георгийы дзуар. Цгъойты Хазби.

Къамыл ирон хъазахъхъӕгтӕ
Черноярск ӕмӕ Новоосетинскӕйӕ станицӕтӕй, 1905 аз Бетъырбух.

Газ. «Рӕстдзинад».

#ирӕттӕ
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Ӕмдзӕвгӕ "Ирон ӕвзаг" кӕсы РЦИ- Аланийы адӕмон артист Колыты Владислав.
#иронаивад
🎲 Тест «Ирон тест 6»
🖊 5 вопросов · 15 сек
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Спектакль "Усгур Гаци"- йӕ скъуыддзаг.
#иронтеатр
БОТАСЫ ХАБАР.
Ботас уыди Хабӕты Тъеры фырт, йе ’фсымӕр уӕлыгӕс уыд гыццылӕй ӕмӕ йын ӕй мӕхъхъӕл амардтой. Ботас загъта, ацы сывӕллон чи байсӕфта, уый мын ӕнӕ базонгӕ нӕй, зӕгъгӕ. Уый тыххӕй Ботас йӕхи абырӕг скодта, ӕмӕ мӕхъхъӕлы ӕвзӕргӕнджытимӕ йӕхи сбаста, афтӕмӕй сӕмбӕлди, йе’фсымӕры йын чи амардта, уыцы мӕхъхъӕлоныл. Ботас сын зӕгъы:
— Цӕй-ма, давӕг адӕм стут, ӕмӕ уӕ чи цы тӕригъӕд бакодта уый, радзурут.
Уӕд ын, йе ’фсымӕры чи амардта, уый загъта:
— Ӕз амардтон чысыл ӕнахъом лӕппуйы. Уый уӕрыччытӕ хызта. Ӕз ын цӕ истон, ӕмӕ цӕ, мӕгуыр, уый нӕ лӕвӕрдта. Уӕд ӕй ӕз амардтон. Гъе уыцы тӕригъӕддзинад ис мӕнмӕ.
Уӕд Ботас скуыдта ӕмӕ йын афтӕ зӕгъы:
— Дӕ зӕрдӕ куыд бакуымдта уыцы гыццыл сабимӕ хӕцӕнгарз ныддарын.
Уый йын афтӕ:
— Мӕхӕдӕг дӕр уый тӕригъӕдӕй мӕхицӕй разы нӕ дӕн.
Афтӕ фӕныхӕстӕ кодтой, стӕй Ботас загъта:
— Ницӕуыл фӕхӕст стӕм ӕмӕ мӕхъхъӕлмӕ цом уазӕгуаты.
Ӕмӕ уазӕгуаты бацыдис, йе ’фсымӕры йын чи амардта, уымӕ. Ӕхсӕвы цын Ботас сӕ бинонты хъамайӕ аргӕвста. Йӕхӕдӕг уырдыгӕй ралыгъдис. Бацыд сӕхимӕ. Уӕд мӕхъхъӕл пъырыстыфмӕ фӕхабар кодтой, ӕмӕ уый йӕ фӕдыл зилын райдыдта. Пъырыстыф хъӕуыхицауӕн, Хӕдзарӕгаты Къӕлӕуӕн, бафӕдзӕхста, Ботасы ахсын хъӕуы, зӕгъгӕ.
Ботас ӕй куы фехъуыста, уӕд Къӕлӕӕн загъта:
— Цы кӕныс, Къӕлӕу, ӕз ме ’фсымӕры туг райстон, ӕндӕр давгӕ куы нӕ кӕнын, уӕд мӕ цӕмӕн хъыгдарыс?
Куы нал ӕй уагъта, уӕд иуахӕмы Ботас Къӕхтысӕры уӕлбыл Къӕлӕуы размӕ бабадтис. Чидӕр фӕхабар кодта Къӕлӕумӕ. Къӕлӕу Хъобанӕй цыппар лӕджы йемӕ акодта, бахӕццӕ мӕ кӕнут, Ботас мӕ размӕ бады ӕмӕ мӕ амардзӕн, зӕгъгӕ. Къӕхтысӕры уӕлбылмӕ куы ссыдысты, уӕд Ботас дзуры:
— Раст адӕм, иуфарс уӕхи айсут, ӕз Хӕдзарӕгаты Къӕлӕуӕн йӕ бон базонын кӕнон! Уыдон загътой:
— Къӕлӕу мах уазӕг йӕхи бакодта ӕмӕ, цыдӕриддӕр кӕнай, уӕддӕр дын ӕй нӕ ратдзыстӕм.
Афтӕмӕй йӕ марын нӕ бауагътой Ботасӕн. Уӕддӕр Къӕлӕу зылдис Ботасы ӕрцахсыныл. Ботас бӕхыл бадтис, афтӕмӕй Бӕдтиатӕй иу хӕдзармӕ бацыдис. Пъырыстыф дӕр Дӕргъӕвсы фӕцис, ӕмӕ йӕ Къӕлӕу банымыгъта Ботасы уымӕн. Уым хӕдзарыл ӕрхъула сты. Ботас йӕхӕдӕг аирвӕзтис, фӕлӕ йын йӕ бӕх ӕрцахстой. Ботасӕн та уыдис Куырттаты комы ӕрдхорд — рӕгъаугӕс. Пъырыстыф бӕх куы ’рцахста, уӕд ӕй Къӕлӕумӕ радта. Къӕлӕу та бавдӕлдис ӕмӕ бӕх ӕрдхордмӕ радта, стӕй йын загъта:
— Ай дын дӕс туманы. Уыцы лӕг йӕ бӕх агурдзӕн. Ды бавдӕл ӕмӕ йӕ амар.
Ботас йе ’рдхордмӕ куы бафтыдис, уӕд ын уый радзырдта, йӕ бӕх уымӕ хизынмӕ кӕй ис, уый. Ботас йӕ бӕх иста ӕмӕ йын уый афтӕ:
— Куыд дын ӕй раттон, Къӕлӕу бӕх куы агура, уӕд ын цы зӕгъдзынӕн!
— Уӕд ыи-иу зӕгъ, адавдӕуыди йӕ. — Ӕмӕ мӕ фиддон куы агура, уӕд ын цы ратдзынӕн?
— Уӕд дӕ фиддон агурдзӕн дӕс туманы, мӕнӕ дын дӕс туманы.
Райста Ботасӕй дӕр йе ’рдхорд дӕс туманы. Лӕг бафынӕй. Йе ’рдхорд ын йӕ риуыл топп ныццавта ӕмӕ йӕ амардта.

75-аздзыд Рӕмонаты Дзибоккайы ныхӕстӕй йӕ ныффыста Цагъаты Анастасия 1966 азы. ЦИГСИИ-йы архив.
#таурӕгъ
БОТАСЫ ЗАРӔГ.
Асыйы рӕгъауӕй
Байраг ныууасыди.
Ботасы хъримаг
Иӕ хӕсты заманы
Галау ныууасыди.
Къӕвда боны фиййау,
Къӕвдайӕ тӕрсгӕйӕ,
Хъӕууаты фӕхызта.
Церекты булкъон,
Ботасӕй тӕрсгӕйӕ,
Йӕхи куы фембӕхста.
Сӕ фӕсцӕгатӕй, дам,
Сӕ сау хъуг ӕрхауди.
Ботасы фарсӕй, дам,
Йӕ сау туг ӕркалди.
Хилчъи, дам, хосгӕрст
Боболиты кӕрдӕгӕй.
Чи, дам, дӕ амардта
Къӕбуты ’рдыгӕй?
Уӕлӕ, дам, фиййаутӕ
Сӕ къустӕ фӕтылдтой.
Ботасы мардыл, дам,
Йӕ дыууӕ сау хойы
Сӕ рустӕ фӕтыдтой.
Дзӕбидырӕн йӕ иунӕг
Цъитийыл баззад.
Иӕ иунӕг мастисӕг
Дзидзийыл баззад!

#иронзарӕг