IRON ARGHAW
925 subscribers
1.15K photos
403 videos
362 files
305 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
ӔНАМОНД ИРЫСТОН.

Зӕрдиагӕй ныхъхъуыстон
Дӕ хуылфмӕ кӕддӕр,
Ӕнамонд Ирыстон,
Кӕйдӕртау ӕз дӕр.

Фӕрыстӕн дӕ мӕстӕй,
Фӕкуыддӕр мӕ цард.
Дӕ фӕрцы нӕ бӕстӕй
Фӕлыгъдтӕн ӕз дард,

Цӕй тыхст у дӕ хъӕрзын,
Цӕй арф у дӕ низ?
Дӕхи дын куы фӕрсын, —
Дӕ дӕсны кӕм ис?

Куы нӕ ис дӕ цотӕй
Дӕ разы лӕууӕг,
Куы нӕ ис нӕ хотӕй
Дӕ сӕрыл кӕуӕг.

Ӕмхуызон цӕгатмӕ
Дард лидзынц мӕнау, —
Нӕ зилы дӕ уатмӕ
Дӕ иу фырт, лӕгау.

Уӕгъуырӕй, ӕгадӕй
Ды сӕфтмӕ цӕуыс, —
Дӕ хуыссӕны ’нцадӕй
Дӕхиуыл кӕуыс.

Илас Ӕрнигон (1888-1938)

#иронӕмдзӕвгӕ
ЦӔГАТ ИРМӔ.

Хӕхбӕсты, фыдбӕсты ӕз бадын ӕнкъардӕй,
Мӕ уынгӕг сагъӕстӕн кӕрон нӕй ӕппын:
Дзыллӕйы фыдмитӕ, къӕйныхӕй, ӕнадӕй
Ныццӕнд ысты хивӕнд зӕрдӕйы рӕбын...


Бын бауай, нӕ дзыллӕ, бын бауат, ӕмгӕрттӕ,
Мӕгуырты куыд ничи уӕ скодта ӕвгъау!
Цӕсгом дӕр уын нал ис: нӕмынц уын уӕ фӕрстӕ.
Уӕ арв ӕмӕ зӕхх уыл нызгъӕлӕнт фӕлтау!..


Хъӕбӕр баст рӕхысӕй, — уынут ӕй уӕ цӕстӕй,
Былмӕ уӕ фӕтӕры, ӕнӕвгъау, ызнаг...
Чермены хорз зарӕг нӕ хъуысы уӕ фӕзтӕй...
Цӕрын ма ӕмбӕлы ныр афтӕ ӕнад?!.


Ныууадз, дам, дӕ хӕдзар, ныууадз, дам, дӕ мады,
Цӕугӕ, дам, нӕ разӕй, дӕу бахъуыд хӕцын! —
Кӕимӕ мӕ лымӕн? Иӕ арм нӕм чи дары
Нӕ мӕгуыр сидзӕртыл, гъе, уыдон цӕгъдын?!


Куыд сайут дзыллӕты ӕрттивгӕ пъагонтӕй?!
Куыд тӕхут, фырцинӕй, уӕлвонгты сымах?
Ӕрцӕуы ныл афон... Кӕлдзыстут бӕрзондӕй, —
Кӕсут ма Цӕгатмӕ — уым тынг у гӕрах!..

Барахъты Гино (1890-1937).

#иронӕмдзӕвгӕ
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Къуымӕллӕгкаты Владимир, Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист.

#журналмахдуг #иронӕмдзӕвгӕ #иронтеатр