IRON ARGHAW
925 subscribers
1.15K photos
403 videos
362 files
305 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Ирон квартирник. Гости Таму Берозти, Олег Ходов, Руслан Музаев, Марклен Гогаев и Максим Дубровин.


О, мæн кæддæр дæ цæстытæ рæвдыдтой.
Дæ уындæй никæд бафсæстæн, чызгай.
Фæлæ уæддæр дæ уард рызтæн нæ зыдтон,
Мæ уарзтæй дард фæлиддзынæ тæргай.

Мæ удлæууæн, уæддæр æдзух дæу мысын,
Дæу ферох кæнын не 'суыдзæн мæ бон.
Æнкъард сагъæсты химидæг фæтыхсын:
Куыд зæгъон ныр дæ цæстытæн хæрзбон?

Æз федтон дæу, ды ацыдтæ мæ фæрсты,
Зын æрвæссонæй ракастæ мæнмæ,
Æгъуыссаг ахсæв стъалыты фæфæрсын:
Кæмæн зæгъон мæ сау катай, кæмæн?

Ныфсы ныхас уæлæрвæй дæр нæ хъуысы,
Мæ хъизæмарæн нал вæййы кæрон.
Фæлæ уæддæр, о сауæрфыг, дæу мысын.
Дæу ферох кæнын не 'суыдзæн мæ бон!

#иронзарӕг
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Плиты Грис «Чермены зарӕг»

ОЙ, Чермен, Тлаттатӕ байуӕрстой,
Гъӕйтт ӕмӕ уӕрӕйдӕ!
Гъей! Ӕрнӕджытӕ 'мӕ дам, гӕмӕхтӕ гъей!

ОЙ, ӕмӕ ӕвзӕрӕн дӕ равзӕрстой,
Гъӕйтт ӕмӕ уӕрӕйдӕ!
Гъей! Лӕг у, зӕгъгӕ, дам, нӕ загътой, Чермен, гъей!

ОЙ, ӕмӕ йӕ мад бадти ӕнкъардӕй,
Г'ьӕйтт ӕмӕ уӕрӕйдӕ!
Гъей! Сайдзысты та дӕ мӕнгардӕй, Чермен, гъей!

ОЙ, ӕмӕ кӕд фӕтӕрсон не'лдӕрттӕй,
Гъӕйтт ӕмӕ уӕрӕйдӕ!
Гъей! Уӕд фӕхъӕуон, загъта, ме 'мгӕрттӕй Чермен, гъей!

#иронзарӕг
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Гульчети Епо «Ӕрсӕгти Горгай зар».

#иронзарӕг
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Зарӕггӕнӕг Суанты Ким.
Ныхӕстӕ Чеджемты А., муз. Хъупеты М.

МÆ АМОНД

Уалдзыгон райсом — сызгъæринбазыр,
Амонды цинæй мæ риуы хъазы.
Зæрдæйы зарæг фестад уæларвон,
Чызджыты хуыздæр — мæнæн мæ уарзон.
Йæ рухс цæсгомæй мæйтæ ’мæ хуртæ
Мæнмæ фæкæсынц мидбылты худгæ.
Сæууон дидинæг — йæ бакаст, йе ’нгас,
Бынтон æмбисонд — йæ фæлмæн ныхас.
Айнæджы сæрмæ — цæргæсты ахстон,
Æз ахæм уарзтæй никуыма уарзтон.
Уымæн бæлвырд у мæ рухс уынаффæ,
Мæн хурау тавы æмгæртты арфæ.
Мæ зæрдæ абон рæсугъд, бæрзонд у,
Чызгайы кæртмæ мæ фæндаг конд у.
Гъей, хæдзар, ракæс, бакæн дæ дуæрттæ,
— Фервитын абон мæ минæвæрттæ.
Уалдзыгон райсом — сызгъæринбазыр,
Амонды цинæй мæ риуы хъазы.
Айнæджы сæрмæ — цæргæсты ахстон,
Æз ахæм уарзтæй никуыма уарзтон.
Гъей, хæдзар, ракæс, бакæн дæ дуæрттæ,
— Фервитын абон мæ минæвæрттæ!

#иронзарӕг
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
«Кӕлӕнгӕнӕг», музыкӕ Хъулаты Елхъан, ныхӕстӕ Дзасохты Музафер.
Зарӕггӕнӕг Хъуысаты Сослан, фӕндырдзӕгъдӕг Гуыриаты Руслан.

#иронзарӕг
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Зары Адам Мунашев @Adam_Munashev_95

Сухраб Будайчиты альбомӕй «Амонды мыдыкъус», зарӕг «Уарзты базыртыл».

Мӕ рухс амонд, рӕсугъд фынау дӕ сурӕт,
Ӕрмӕст дӕуӕн нывонд кӕнын мӕ цард,
Ӕнӕ дӕу мӕм стъалытӕ дӕр дзурӕд,
Ӕз уыдонӕй дӕр алидзынӕн дард.

Йӕ базыртӕ нын радта уарзт.
Стъалытау ныррухс сты нӕ зӕрдӕтӕ,
Дӕу мысгӕйӕ фӕлыгъд мӕ маст,
Тӕмӕн куы калынц, о мӕ хур, дӕ цӕстытӕ.

Сӕрибар маргъау арвы цъӕхтӕм мемӕ,
Тырныс ды дӕр, дӕ уарзтӕн нӕй кӕрон,
Ӕз урс дидинӕг барын, чызгай, демӕ.
Мӕ хуры тын, мӕ урс бӕлон, мӕ бон.


Нӕ  рухс бӕллиц цӕрӕт ӕвзонгӕй немӕ,
Уӕд ферох уыдзӕн зӕрдӕйӕн йӕ рис,
Нӕ буц амонд нӕ ахондзӕн и йемӕ,
Цӕмӕн кӕнӕм нӕ уарзондзинад ӕмбис?

Йӕ базыртӕ нын радта уарзт
Стъалытау ныррухс сты нӕ зӕрдӕтӕ,
Дӕу мысгӕйӕ фӕлыгъд мӕ маст,
Тӕмӕн куы калынц, о мӕ хур, дӕ цӕстытӕ.

#иронзарӕг
Уæлæ сын Арыхъыты хурæй уарын,
Акæсут-ма хорз адæм, Карсанаты хорз Идыг
Къазнайы сызгъæрин æхцатæ
Мæгуыр адæмæн худæй уары.

Далæ сын Æрджынарæджы Боброн бон куы кæны.
Карсанаты хорз Идыг къазнайы сызгъæрин æхцатæй
Æппæт мæгуыр адæмæн ном куы кæны.

Сау хъæды сæгуыт сын арсы ныхта,
Æмæ Идыгмæ куы æрбацыдысты пъæлицæ джигул кæнынмæ,
Уæд Идыгæн йæ ныййарæг мад къазнайы
Сызгъæрин æхцатæ аджы фыхта.

Уæлæ сын цуанон дон-дон ссæуы:
Æмæ Карсанаты хорз Идыгыл сæхи гæды
Илас æрмæстдæр фондз сомы тыххæй
Комдзог куы цæуы.


Чеджемты Æ., Æртхурон — Дзæуджыхъæу: Ир, 1997

#таурӕгъ
#иронзарӕг
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Зарӕггӕнӕг Хадыхъаты Аллӕ. Ӕмдзӕвгӕ Чеджемты Ӕхсар, музыка Волжанин Е.

РАЙГУЫРÆН ЗÆХХ ÆМÆ МÆ СЫЗГЪÆРИН УАРЗТ.

Бæстæтæ бирæ сты, дуне — уæрæх,
Цард сæ æнхъæвзы фæрнæй.
Фæлæ дæхицæй, мæ райгуырæн зæхх,
Зæрдæйæн уарзондæр нæй.

Балцы уон искуы, хæстæг æви дард,
Амонд мæн хурмæ хæссы.
Æмæ Ирыстон цыма у мæ мад,
Афтæ мæ фæдыл кæсы.

Бауарзтон раджы нæ фæндыры цагъд,
Ме уæнгты рог цин зылди.
Арвы бæрзæндты-иу урс цæргæс тахт,
Уый кæд мæ зæрдæ уыди.

Ирæн йæ куывды бон — цин æмæ хъазт,
Амонд хуыцауæй куырдтон.
Ам æз лæппуйæ мæ сызгъæрин уарзт,
Зæдтæн иронау дзырдтон.

Бæстæтæ бирæ сты, дуне — уæрæх.
Цард сæ æнхъæвзы фæрнæй.
Фæлæ дæхицæй, мæ райгуырæн зæхх,
Зæрдæйæн уарзондæр нæй.

#иронзарӕг
КУЫНДЫХАТЫ ГӔТӔГЪӔЗЫ ЗАРӔГ.
Куындыхаты Гӕтӕгъӕз уыд санибайаг давӕг лӕг. Хъулгъайы устытӕ-иу дзы сӕ сывӕллӕтты афтӕ тӕрсын кодтой: «Иры Гӕтӕгъӕз дӕм ӕрбацӕуы». Кутаисмӕ ацыд давынмӕ, ӕмӕ йӕ уым гуырдзы амардтой. Зарӕг ыл скодта йе ’рдхорд зарӕггӕнӕг Дзиуаты Гӕвди.

Зарӕджы ныхӕстӕ
Санайӕ мидӕмӕ сӕ сауджынтӕ — ӕлдӕрттӕ,
Гӕтӕгъӕз ӕрӕрвыста йӕ сау писмо
Йӕ адджын ӕмгӕрттӕм.
Рӕгътыл ссӕуӕн нал ис Елхотыл йеддӕмӕ.
Гӕтӕгъӕз бадзуры: «Мӕныл скӕуӕг нал ис мӕ хоты йеддӕмӕ».
Хъӕнийы — Хасыгоны уасӕг.
Гӕтӕгъӕз ӕрӕрвыста йӕ сау писмойы:
«Кӕнын мӕ зӕронд мад Тасгойы
Санибайы фӕсивӕды уазӕг.
Дӕргъӕвсы барӕг — Джергаты уазӕг,
Ӕз кӕнын мӕ дыууӕ хойы
Ме ’мгӕртты уазӕг».
Уӕйтт-уӕрӕйдӕ, Гӕтӕгъӕз.
Иры хъазахъхъыл — формӕйы гӕрзтӕ.
Кутаисӕй ӕрхӕццӕ дӕ сау писмо
Фондз мӕйы фӕстӕ.
Арвыкомы — бӕлоны сынтытӕ.
Хъулгъа дын ныссагътой
Ахъийы ӕфцӕджы дӕ номы цыртытӕ.
Паддзахы фӕндаг Хилганы тыххӕй,
Цъулбертӕ дӕ амардтой туманы тыххӕй.

Ӕлборты Барысби, ЦИГСИИ-йы архив, ф. 19, оп. 1, д № 202.

#иронзарӕг