IRON ARGHAW
917 subscribers
1.13K photos
399 videos
362 files
304 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Бӕрӕгбоны хорзӕх уӕ уӕд!
Уастырджийы зарӕг.

Гъей-гъой, Хетæджы тæхгæ-нæргæ сызгъæрин Уастырджи, табу Дæхицæн!
Дæумæ кувæм, Уастырджи, Дæуæй курæм, сызгъæрин Уастырджи!

Байрагæй бæхгæнæг, лæппуйæ лæггæнæг Уастырджи, табу Дæхицæн!
Нæ кæстæртæ дe уазæг, Уастырджи, табу Дæхицæн, сызгъæрин Уастырджи!

#иронзарӕг
Forwarded from Mikhoshka

Уастырджийы бæрæгбоны хорзæх уæ уæд, Ирыстоны адæм! Уастырджи уын ахъаз кæнæд уе'ппæтæн дæр æмае уæ йæ рахиз базыры бын дарæд! Царды рæсугъд фæндæгтыл цæугæйæ, фыдбылызæй хызт ут!
КАЛОТЫ Хазби
* * *
Ӕхсӕв дӕ дзыккутау куы ‘рхауы,
Йӕ тарф фынтыл куы вӕййы зӕхх,
Ӕмӕ фӕлмӕсты цӕстыхаутау
Куы суымӕл кӕны хъӕды ‘ртӕх,
Уӕд ӕз мӕхинымӕр фӕзӕгъын:
«Тӕхуды, фен ма дӕ ӕрмӕст,
Ӕрбад дӕ уӕлрудзынг ӕртӕхау,
Ӕртӕхау рудзынгыл ӕрлӕс!..»

1941 азы сентябрь.

15 августы Калоты Хазбийыл сӕххӕст уыдаид 100 азы.
ÆРТТИГЪ

ХЪОДЗАТЫ Æхсар

Æрттив, æртæтигъон æндон фат,
æрттигъ, æртæ арты — дæ тигътæ:
хæры æртæ арды нæртон мад,—
йæ уарэт æртæ Нартыл фæдихтæ.

Æрттигъ, æртæ арты — дæ тигътæ.
Æрттивыс,— мидæгæй та их дæ.

Æхсыст дæ сау марджы, сырх туджы.
Дæу фехста иу æвдиу фыддуджы.
Ныррыг и, басыджыт и де ’рдын,
тæхыс дæхæдæг та ма ме ’рдæм.

Тæхыс, мæ рохст зæрдæ — дæ мысан:
дæ фыдæх — марг, дæ хорзæх — мысын.

Æрттигъ, фыдæлты фат, алайнаг,
дæ мысан — æз, ды мын — мысайнаг*:
æз дардмæ де ’ндон фидыц ласын —
æрттив-иу фидæнæн йæ лагъзы.

Æрттив... Æртæ арты, æрвонтæ.
Æрттигъ... Æртæ арды, нæртонтæ:
Фыдызæхх, Уарзт æмæ Рæстдзинад.
Рæстдзинад,
Уарзт
æмæ Фыдызæхх.

* Нæ фыдæлтæ-иу кувæндæтты мысайнагæн æвæрдтой фаты æрттигътæ.
ХАЛОН
Халон уæрцц ахсынмæ хъавыд,
Уæрцц ын ахсын нæ куымдта;
Уæд бæласæй цæргæс
Халонмæ сдзырдта:
«Бабын уай, — загъта цæргæс халонæн, —
Зон дæ хъару æмæ дæ асы,
Фыдæлтæй баззад æмбисонд:
Халон, дам, уæрцц нæ ахсы.
Фæлтау дæхицæн бад, хæдмæлтыл зил.
Смаггæнаг холытыл та
Дæ бырынкъ стил».

#гӕдиатысекъа
#ӕмбисонд
Бафӕлварут ирон ӕвзаджы комплекс «Ӕ-тест».
Æ-тест — IRON FEDERACY
https://ironfed.ru/ae-test/
Forwarded from PAN CAUCASUS
Осетинские дети из селения Верхняя Саниба изучают Коран в школе чеченского шейха Дени Арсанова, 1905-1906 гг.
Софиайы таурæгъ.
Софиа Хъазбегаты чызг уыди. Йæ фыд инæлар уыди, йе ’фсымæр та — булкъон. Йæ фыд къамæй душетаг кънйазимæ хъазыд, æмæ йæ амбылдта. Кънйаз та йæ ахаста Софиайы Душетмæ. Уым алыбон дæр чызг куыдта.
Иу бон куыдта æмæ загъта: «Уæ Хуыцæутты Хуыцау, кæд мæ истæмæн радтай, уæд ма мын Уырмонты рагъæй иу нæхирдыгон барæг фенын кæн!»
Уæд Уырмонты рагъæй иу барæг æрбазынд. Бынæй хуытæ хызти æмæ сæ астæуты æрбацыд.
Уыдон змæлгæ дæр нæ фæкодтой. Софиа банхъæлмæ касти, кæд хион уаид, фæлæ ницы.
Уалынмæ та Уырмонты рагъæй æндæр барæг æрбазынд. Уый разынд Цæлыккатæй Дзадте. Куы ’рбакасти, уæд хуыты астæу æрбацыд, æмæ йæ бæх, хуыты куы федта, уæд стъæлфтытæ кодта. Иуы дзы ныссæрфта кардæй æмæ йæ дыууæ æмбисыл ахауын кодта. Рахызт æмæ губаччы йæ кард ныссыгьдæг кодта. Софиа йæм кæсы. Уæд Софиа фæхудтис æмæ йæ гæрзтæ кæнынмæ фæци. Сæ бинонтæ та кæрæдзимæ хæрзæггурæггаг фесты: «Кæдæй-уæдæй, дам, нæ чындз фæхудти».
Йæ дзауматæ кæнынмæ куы фæци, уæд загъта: «Мæнæн æнæ мæ уд амæлгæ ацы ран цæргæ нæу».
Софиа кæсы, æмæ барæг куы ’рбахæццæ ис, уæд йæ размæ рацыди æмæ йæм дзуры:
— Кæд Тæгиаты барæг дæ, уæд дын фæндзæм усæн дæр фæцæудзынæн, уæдцæр мæ ам ма ныууадз!
Дзадте бæх ныццæфтæ ласта:
— Мæ фыдыстæн, нæ дæ ныууадздзынæн ам, — æмæ йæ йæ фæсарц баппæрста. Йемæ йæ рахаста йæ фæсарц æмæ йæ Мæздæджы даргъ хиды былмæ ныххаста. Иу-дыууæ-æртæ боны йæ фæхаста йæ фæсарц. Æфсымæр-хойы хаст æй фæкодта Мæздæджы даргъ хиды былмæ. Уым æй æрæвæрдта æмæ йын загъта:
— Мæнæ дын ацырдыгæй Тæгиатæ, иннæрдыгæй дын Бадилатæ, аннæрдыгæй та Сау Ногъай. Кæдæм дæ фæнды, мæ хур, уыцырдæм дæ ратдзынæн.
Софиа уæд бавдæлд, афтæмæй йын загъта:
— Æз дын афтæ куы загътон æппæты фыццаг, фæндзæм усæн дæр дын фæцæудзынæн. Ныр мæ айонг æфсымæр-хойы хъахъхъæд кæй фæкодтай, уый тыххæй æз дæуæй фæцæуинаг нал дæн. Гъемæ йын уæд Дзадте загъта:
— Мæ фыдыстæн, æз ам дæу дзæгъæлы нæ ныууадздзынæн.
Æмæ йæ Пысылмон хъæумæ йæ хæдзармæ сфардæг кодта Хъазбегаты хъал чызджы.
#таурӕгъ
СЛОНАТЫ СОФИАЙЫ ЗАРӔГ. (Вариант)
«Уой, мӕ сау тӕригъӕдӕй, загъта, ей, —
Слонаты хъал Софиа афтӕ бадзуры, — уой,
Мӕн мӕ дыууадӕс курӕгӕй мулчы фӕдыл
Гуырдзиаг кънйазмӕ чи радта, уой,
Мӕ инӕлар фыд ӕмӕ мӕ афицер ӕфсымӕр, уой,
Уӕй, мӕ тӕригъӕдӕй Дайраны хидыхъус хидгӕстӕй ныддауат,
Мӕнӕн мӕ цард чи фехӕлдта, уой.
Уой, мӕ инӕлар фыд дӕ инӕлары пъагонтӕ салдатӕй раивай,
Мӕн ӕнӕбары бонӕй зӕронд нӕл хуымӕ чи радта, уой,
Уой, мӕ тӕригъӕдӕй, — загъта Софиа, —
Фӕндараст ма фӕуат, мӕ фыд ӕмӕ ме ’фсымӕр,
Мӕн Душеты коммӕ чи фесӕфта,
Уой, ныр, дам, чи фехъусдзӕн мӕнӕн Душеты комӕй
Мӕ хъарджытӕ, — загъта, уой,
Слонаты рӕсугъд Софиа, уой!
— Уой, мӕстӕй, зӕгъы, уӕддӕр куыннӕ мӕлон, уой,
Райсомӕй раджы ӕнӕхсадӕй,
Ӕфтъӕрын, нуазын байдайы, уой,
Ацы гуырдзиаг хуы, уой.
Уой, райсомӕй изӕрмӕ та хуыррыттӕй фӕхуыссы,
Мӕнӕн та уымӕ кӕсынӕй мӕ зӕрдӕ фӕриссы, уой,
Уой, тӕхудиаг ӕмӕ ма ныр ирон барӕг
Чи фены», — афтӕ бадзуры Софиа.
Уалынмӕ Душеты комы ирон барӕг фӕзыны, уой.
Йӕ ехсы цӕфӕй рудзгуытӕ куы згъӕлынц,
Уой, рӕсугъд Софиайы йӕ фӕсарц куы рахӕссы
Уӕд, мӕ хуртӕ, Ирыстонмӕ, уой!

Ныффыста йӕ Гокъоты Мурат. ЦИГСИИ-йы архив.
#иронзарӕг
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
ХЪАЛӔГАТЫ БЕК.
Хъалӕгаты Бек дзӕвгар рӕстӕг абырӕг хатти, фӕлӕ фӕстагмӕ ахӕм «хорз» цардӕй куы стыхст, уӕд Ольгинскӕйы хъӕуы хистӕртӕм бахатыд, цӕмӕй йын ныххатыр кӕной йӕ рагон рӕдыдтытӕ ӕмӕ йын радтой сӕ хъӕуы цӕрыны бар. Хъӕуы хистӕтӕ ахӕм уынаффӕ рахастой: кӕд ӕмӕ дӕ рӕдыдтытыл сӕттыс ӕмӕ уыцы ӕбуалгъ митӕ ныууадзыныл разы дӕ, уӕд дын мах нӕ хъӕуы цӕрыны бар дӕттӕм, ӕцӕг ардыгӕй фӕстӕмӕ дӕхи къухвӕллойӕ куыд цӕрай ӕмӕ мах хуызӕн ӕгъдау куыд кӕнай, афтӕ.
Лӕппу сын арфӕ ракодта, фӕлӕ сын ноджыдӕр иу курдиат загъта: «Иу мӕхъхъӕлон чызг уарзын ӕмӕ мын ӕй йе ’рвадӕлтӕ нӕ дӕттынц. Уый аскъӕфыны бар мын раттут. Уый куы саразон, уӕд уый фӕстӕ мӕхи сабыр дардзынӕн, сымах хуызӕн цӕрдзынӕн». Хистӕртӕ сразы сты ӕмӕ загътой: «Аскъӕф ӕй! Бар дын ис!» Чызджы ном хуынди Фатимӕ. Бек ӕм барвыста, ахӕм ӕмӕ ахӕм афон дӕ рудзгуыты бынты ацӕудзыстӕм, ды та дӕхи ӕрмӕстдӕр рудзынгӕй гыццыл радар, зӕгъгӕ. Чызг афтӕ бакодта. Лӕппу чызджы иу къухӕй арӕхстгай ӕриста, йӕ бӕхы фӕсрагъ ӕй ӕрбадын кодта ӕмӕ сӕхимӕ фӕцагайдта.
Мӕхъхъӕл фӕфӕдис сты, фӕлӕ сӕ сӕ хистӕртӕ баурӕдтой. Ахӕм лӕджы фӕстӕ фӕдисы цӕуын нӕ хъӕуы. Хорзӕй дзы ницы рауайдзӕн фыдбылыз йеддӕмӕ. Чызг иу къухӕй рудзынгӕй чи ахаста, уый ӕцӕг лӕг у. Сиахсӕн нын бӕззы, зӕгъгӕ.

Хьараты Ирбеджы иыхӕстӕй йӕ ныффыста Торчынты Таймураз 2003 азы Црауы.
#таурӕгъ
Цы сусӕг кӕнон,
Бирӕ кӕй уарзын,
Бирӕ кӕй уарзын, гъей
Мӕ иунӕг уарзон,
Дӕумӕ кӕй бадын,
Дӕумӕ кӕй бадын, гъей
Уӕд хъазты вӕййын
Фӕрсгӕ мӕ кӕнынц,
Фӕрсгӕ мӕ кӕнынц, гъей
Курӕг дӕ куы ис
Мой куыд нӕ кӕныс,
Мой куыд нӕ кӕныс, гъей
Кӕмӕн ракӕнын,
Мӕ сусӕг ныхас
Мӕ сусӕг ныхас, гъей
Уый дзы скӕны
Стыр тулдз бӕлас
Стыр тулдз бӕлас, гъей.
Уӕд та мӕ сагъӕс
Мӕ мадӕн зӕгъон,
Мӕ мадӕн зӕгъон, гъей
Бынтон ӕнамонд
Мӕхи куыд хонон,
Мӕхи куыд хонон, гъей..
Цы сусӕг кӕнон,
Бирӕ кӕй уарзын,
Бирӕ кӕй уарзын, гъей
Мӕ иунӕг уарзон,
Дӕумӕ кӕй бадын,
Дӕумӕ кӕй бадын, гъей
Фӕлӕ мӕ уый дӕр куы нӕ бамбара,
Куы нӕ бамбара, гъей
Мӕ къӕйных ныхас куы нӕ ныббара,
Куы нае ныббара, гъей
Сӕумӕйы ӕртах кӕрдӕгыл баззад,
Кӕрдӕгыл баззад, гъей.

Ныхӕстӕ - Дзиов Хадзбечыр.
#иронзарӕг