IRON ARGHAW
923 subscribers
1.15K photos
403 videos
362 files
305 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
animation.gif
18.2 MB
КЪОСТА НИЗ ЦÆМÆЙ ССАРДТА? Æлдæртты куывды бадт фæци Къоста. Æнæуынон ын уыдысты фæллойгæнæг адæмы тугцъиртæ, фæлæ æгъдау сырдты æхсæн дæр ис. Йæ зæрдæйы ахаст сын тынг не ’вдыста. Мæнг цинтæ йыл кодтой уыдон дæр, фæлæ сæм уыд фыдвæнд: нуазæныл марг ныккодтой, афтæмæй йæм æй балæвæрдтой.
Къоста æппæтдæр зыдта æмæ нуазæн цыдæр æфсонæй нæ бакуымдта. Фæлæ та йыл æлдæрттæ мæнгардæй рацыдысты. Зыдтой,Къоста æгъдауыл хæст кæй у, ирон царды фæтк æм бæрзонд æвæрд кæй у, æмæ нуазæн ног чындзы къухы фæсагътой. Уый йæ хъуамæ радтаид Къостамæ.
Æгъдау æрцахста Хетæджы-фырты - уырдыг сыстад, нуазæн райста, арфæ ракодта ног чындзæн. Стæй йе знæгтæн комкоммæ загъта:
- Ацы нуазæныл кæд марг конд ис, уæддæр æй æз райстон сылгоймаджы къухæй æмæ йæ нуазын, аргъ ын кæнгæйæ.
Уæдæй фæстæмæ Къоста йæ къахыл нал слæууыд.

#цгъойтыхазби
#къостайыхабӕрттӕ
МÆ ÆФСЫМÆРТÆ,КÆРÆДЗИ УАРЗГÆ ЦÆРУТ!
Къоста мæлæтдзаг рынчын куы уыд, йæ низ æй йæ быны куы скодта, æмæ йемæ тох кæнынæй куы бафæллад, уæд дæр ма йæ сагъæс æмæ мæт Ирыстон, ирон адæм уыдысты. Тынг сын зыдта сæ риссæгтæ, сæ уды мæгуырдзинад - кæрæдзийыл æнувыд кæй не сты, кæрæдзи фаг кæй не ’мбарынц, æмæ йæ фæстаг ныхæстæ дæр уыдысты фæдзæхсты хуызы: «Мæ æфсымæртæ, кæрæдзи уарзгæ цæрут!»
Йæ хо Ольгæ куыд фыссы, афтæмæй ма фæстагмæ арæх дзырдта æрмæст ацы ныхас, йæ былалгъыл уыд, афтæмæй амард.

#цгъойтыхазби
#къостайыхабӕрттӕ
Къæдзæхы байбынгонды сæхицæн сихор аджы бауæларт кодтой. Иуахæмы къæдзæхы фахсыл калм йæ зонгæ фæдыл фæцæйхылд. Арты æвзæгтæ дур стæвд кодтой, уый цæмæй зыдта, æмæ йæ дур судзын куы райдыдта, уæд йæхи атымбыл кодта, фахсæй рахауд æмæ аджы ныххаудта. Хосгæрдджытæй йæ ничи бафиппайдта, сæ уæззау куыстæй сæ агмæ нæ равдæлд. Сихорыл фæлладæй маргхъæстæ хæринагæй бахордтой æмæ æхсæзæй дæр æнустæм мæрдвынæй баисты.
Æхсæз хосдзауы, кæй зæгъын æй хъæуы, баныгæдтой хъæуы уæлмæрды. Кæм бабын сты, уым та сын цыртытæ сæвæрдтой. Уыдон сæ рох кæнын нæ уадзынц. Фæндаггонтæн дзурынц, ам Хуыриатæй цы фондз æфсымæры æмæ æмхъæуккаг бабын, уыдоны зæрдæриссæн хабар.

#цгъойтыхазби
#таурӕгъ
БАСТ УИСОЙ.
Иу лæгæн бирæ фырттæ уыдис, фæлæ хъæрмуд нæ уыдысты, æмæ сæ цард нæ цыд. Уæд сæм иуахæмы фыд фæдзырдта кæртмæ. Къуымæй сын уисой рахæссын кодта. Загъта:
— Абон хъуамæ уæ тых бафæлварат уисойыл. Чи йæ асæтта, уый уыдзæн æппæты хъаруджындæр.
Фырттæ иугай фæархайдтой баст уисой фæдыууæ кæныныл, фæлæ сæ къухы нæ бафтыд. Уæд сын фыд афтæ:
— Æриут-ма йæ ардæм. Фыд уисой райста, райхæлдта йæ æмæ йæ уисгай сæттын райдыдта.
— Афтæ, мæ хуртæ, сымах дæр æнгом куы уат, уæд уын ничи ницы кæндзæн, уæ цард фæрныгдæр уыдзæн. Иугæйттæй та уыл алчидæр тых у, уæ хъомыс — къаддæр. Æмæ кæрæдзи уарзут.
Ацы цау æфсымæртæн зонды хос фæци.

#цгъойтыхазби
#ӕмбисонд
ЗÆЙÆ МАРД.
Хæппæй дæр чи тæрсы, ахæм лæг, йæ мæлæт цæмæй уыдзæн, уый базонын æмæ дзы йæхи бахъахъхъæныны тыххæй фæцыд дæсныфæрсæг. Дæсныйæн куы бамбарын кодта йæ курдиат, уæд уый бирæ рахъуыды-бахъуыдыйы фæстæ загъта:
— Дæ мæлæт уыдзæн зæйæ, æмæ дзы дæхи хъахъхъæн.
Хæппой лæг йæ хæдзарæй налдæр зымæг цæуын уæндыд, налдæр — сæрдыгон. Афтæмæй дзы фæныкгуыз рауад.
Иуахæмы йæ чысыл фырт пецæй фæнык ракалдта æмæ дзы обау аразы. Обау куы сбæрзонд, уæд фефсæрста æмæ иуырдæм æрлæбыры.
— Зæй! Зæй рацæуы! — фæнычы обаумæ кæсгæйæ, цъæхснаг хъæлæсæй хъæр кæны сывæллон.
Лæг, зæй рацæуы, зæгъгæ, куы айхъуыста, уæд фæтарст, йæ зæрдæ аскъуыд æмæ æрбамард!
Гъе, афтæ: чи цæмæй тæрсы, уый йыл цæуы, æмæ тæрсын ницæмæй хъæуы.

#цгъойтыхазби
ÆФСИС ЗОНЫН ХЪÆУЫ. Незаманты, дам, иу зæххъуаг мæгуыр лæг æрвылбон Хуыцаумæ куывта, хъуырыцъарæй дзы куырдта зæххы гæппæл. Хуыцау мæгуыр лæджы сагъæсмæ, хъынцъыммæ æрфæлмæн æмæ йæм Уастырджийы æрæрвыста. Загъта йын: «Фæцу уыцы лæгмæ æмæ йæ, зæхх цас хъæуы, уый бæрц ын радт».
Æртахт уæларвæй зæхмæ Уастырджи, бацыд мæгуыр лæгмæ, йæхи йын бацамыдта, загъта йын Хуыцауы фæндон дæр.
Лæг Хуыцау æмæ Уастырджийы аудындзинадæй фæкуыддæр, фæуыргъуыйау æмæ, сæ зæхх цас ракуырдтаид, уый нал зыдта. Уæд ын Уастырджи афтæ:
- Райсомы хурыскастæй изæры хурныгуылдмæ дæлæ тыгъд быдыры фæцу, цас зæхх дæ хъæуы, уымæн йæ алыварс æрзилын дæ къухы куыд бафта, афтæ.
Лæг æхсæвы фырадæргæй рæстмæ фынæй дæр нæ бакодта. Хурыскаст ын куы аирвæза æмæ стыр зæххы алыварс æрзилын йæ къухы куы нæ бафта, уымæй тæрсгæйæ. Æмæ куыддæр хурыскæсæны ’рдыгæй арвыл хур йæ был сдардта, афтæ атындзыдта размæ. Бон-изæрмæ куы згъоргæ, куы цæугæ, - иу уысм не ’рулæфыд, хæргæ дæр - цæугæ-цæуын къæбæрæй йæхи фæсайдта.
Фæсæмбисбон Уастырджи, лæг кæцæй араст, уым йæхи Цъæх нæууыл æруагъта, изæрмæ йæм банхъæлмæ кæсон, зæгъгæ. Хур æрвгæронмæ æрæввахс, фæлæ лæг зынæг нæй. Уастырджийы зæрдæ йæм фехсайдта, йе ’рткъахыг бæхыл абадт æмæ фæцагайдта йæ агурæг. Быдыры йæ лæф-лæфгæнгæ згъоргæ баййæфта æмæ йæм дзуры:
- Хур аныгуылынмæ бирæ нал ис, дæ фæндаг фæцæхгæр кæн. Фаг дын у.
- Нæу мын фаг! Нæу! Уæлæ ма тæрфытыл дæр æрзилон.
- Хурныгуылдмæ кæцæй рацыдтæ, уырдæм куы нæ бахæццæ уай, уæд дæ фыдæбон фæдзæгъæлы уыдзæн.
Лæг уæддæр нæ басаст, фæлæ ноджы тынгдæр атагъд кодта. Цы тæрфыты кой кодта, уыдоныл æрзилын дæр йæ къухы бафтыд. Æмæ мæнæ фæхæццæ кæны, кæцæй рацыд, уырдæм. Бирæ йæ нал хъæуы, бирæ нал хъæуы хуры æрныгуылдмæ дæр. Тыхсти, бафæллад, фæлæ уæддæр тындзы размæ. Йæ уд йæ хъуырæй схауы, фæлæ мæнæ.., мæнæ, ныртæккæ сæххæст уыдзæн йæ бæллиц.
Бахæццæ, кæцæй рацыд, уырдæм. Дыууæ къахдзæфы ма йæ хъæуы, æмæ хур дæр æрвгæрон фæаууон уыдзæн, фæлæ йæ къах айсын нал бафæрæзта æмæ размæ бахауд, йæ къух баивæзта, кæцæй рацыд, уый бæрæггæнæнмæ - баххæссыд æмæ сдзырдта:
- Æгъи. Ныр мын фаг у! - æмæ йæ уд систа.
- Фаг дын у, фаг. Дæ бæрцæй фылдæр дæ нæ хъуыд. Æфсис чи нæ зыдта, уый! - загъта Уастырджы мæстджынæй æмæ ныппæррæст кодта уæларвмæ.

#цгъойтыхазби
#таурӕгъ
ÆВЗАГ.
Паддзах, дам, йæ лæггадгæнæгæн бафæдзæхста:
- Ацу æмæ мын æрбахæсс, дунейыл æппæты адджындæр цы у, уый. Лæггадгæнæг ацыд æмæ йын æрбахаста æвзаг. Уæд та йæ арвыста «дунейыл æппæты мастдæр цы у», уымæ. Дыккаг хатт дæр та паддзахмæ æрбахаста æвзаг.

#ӕмбисонд
#цгъойтыхазби
НИЦЫ МЫН КÆНДЗÆНИ.
Иу лæппу иу налат усы чызджы куырдта, æмæ йæ йе ’мгæрттæ фæрсынц:
— Куыд уæндыс, йæ мад бирæгъ куы у, уæд дæ нæ бахæрдзæн?
Уыи сын афтæ:
— Йæ лæппын мæхимæ куы уа, уæд мын ницы кæндзæн.

#цгъойтыхазби
#хъӕлдзӕгныхӕстӕ
IRON ARGHAW
Доброе цейское утро!
МОЛАДЗАН ХОХ.
Цъæйы комы Схъазы æмæ Цъæйы цъититæй цы цæугæдæттæ цæуы (хонгæ дæр сæ Схъаздон æмæ Цъæйдон кæнынц), уыдон кæм баиу вæййынц, уырдыгæй чысыл фалдæр хæрдмæ фæцыд сау къæдзæх. Иуварсæрдыгæй бакæсгæйæ моладзаны хуызæн у. Уымæ гæсгæ йæ туристтæ рахуыдтой Моладзан-хох. Бирæ таурæгътæ æмæ хабæрттæ ис ацы хохы тыххæй дæр. Иу таурæгъ дзы у ахæм. Цæвиттон, кæддæр, тынг раджы, ацы комы хъæдты фæзынд сыгъзæринсыкъа саг. Цынæ хорз цуанон ахатти йæ фæдыл хæхты æмæ хъæдты тæссагдæр рæтты дæр, фæлæ йæ амарын никæй къухы æфтыд. Фæстæмæ-иу афтидæй, фæллад æмæ уæнтæхъилæй æрыздæхтысты.
Уæд иуахæмы иу æвзыгъд лæппу-цуанон ныффæнд кодта йæ амарын. Йæхи хорз барæвдз кодта, Рекомы кувæндоны бынмæ æгъдауимæ бацыд, Уастырджийыл йæхи бафæдзæхста, фæфæндараст мæ кæн, зæгъгæ. Стæй адæмы раз ард бахордта, Уастырджи йын сыгъзæринсыкъа саг амарынæн куы баххуыс кæна, уæд ын йæ номыл сыгъзæрин сыкъатæ Рекомы кувæндоны кæй сæвæрдзæн.
Фæцыд лæппу цуаны. Бирæ фæхатт, чысыл, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ саг Уастырджийы æххуысæй йæ къухы бафтыд. Куы йæ æрфæлдæхта æмæ йæм æввахс куы бацыд, уæд сыгъзæрин сыкъатæй йæ цæстæнгас нал иста. Фырцинæй йæ йæ ардбахæрд дæр æрбайрох. Афтæмæй саджы сæр дæр ракодта, æрхаста йæ сæхимæ, фæлæ сыгъзæрин сыкъатæ кувæндонмæ бахæссын йæ цæст нал бауарзта.
Уастырджи йæм смæсты, йæ ардбахæрдыл гадзрахатæй кæй рацыд, уый тыххæй, æмæ йæ къæдзæх хох фестын кодта.

#таурӕгъ
#цгъойтыхазби
НАЗ БÆЛАС.
Иу лæппу фæрсы йæ фыды:
— Гоба, Ногбон та кæд уыдзæни?
— Уалæ кьæлиндары сыфтæ куы фæуой, уæд, — дзуапп радта фыд.
Уæд лæппу бацин кодта:
— Æз сæ ныртæккæ æртондзынæн. Цу æмæ мын наз бæлас балхæн!

#цгъойтыхазби