IRON ARGHAW
919 subscribers
1.14K photos
399 videos
362 files
304 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
Бирæгъ æппæлыд йæ мыггагæй. «Мах — загъта, — кæмдæриддæр зонынц æмæ нæ тæрсынц кæмдæриддæр — хъæды дæр, хъæуы дæр». Ныр æхсæрæг дæр бæласы къалиуыл бады. Хъусы бирæгъы æппæлæн ныхæстæм æмæ йæм дзуры:
«Зонгæ уæ кæнынц, уый æцæг у. Фæлæ, раст куы зæгъæм, уæд уæ æппæлæг дæр нæй. Бын бауат — иу хæлар кæмæн нæй».

#ӕмбисонд
ЦЫППАР ХÆЛАРЫ.
Фæндагыл фæцæйцыдысты цыппар хæлары: къуырма, къуылых, куырм æмæ бæгънæг.
Æвиппайды къуырма тарстæй фæхъæр кодта:
— Бæхты къæхты хъæр хъусын! Чидæр нæ æрсуры!
— Æцæг у! — фæхъæр кодта куырм,—уæртæ сæм хæцæнгæрзтæ ис!
— Лидзæм! — фæдзырдта къуылых, — науæд нæ раййафдзысты!
— Тагъддæр, тагъддæр! — фæхъæр кодта бæгънæг, — науæд нæ бастигъдзысты!

#ӕмбисонд
Багаты Лади.

СУДЗИН ӔМӔ ӔНДАХ
Цыллæ ’ндах рахаста йæ хъаст Хæдзары дзаумæтты ныхасмæ:
— Цæмæн дæн искæй фæдыл баст, Циу Судзин, фенут-ма, мæ фарсмæ?

Кæм нæ фендæуыдзæн мæ куыст?
Кæд не сбуц кодта-иу мæ бахуыд, Кæнæ чындздзон чызджы фæлыст,
Гъе усгур лæппуйы бухархуд?

Сæрæй, ыскъобор кодта хыл,
Фæсырдта Судзины йæ хъæрæй... Цы нæ йæ рахуыдта зæххыл?!
Цы нæ йын акалдта æвзæрæй...

Цæвиттон, Судзин нал бæззыд... Цыллæ ’ндах нал цыдис йæ фæндыл, ...
Фæлæ та йæм куыддæр фæзынд,
Уæд та дын алæсти йæ фæдыл.

Æз федтон иу бинонты уаг,— Кæрæдзийæн ныхас нæ барстой. Чысыл ницы дæр сын—дзырддаг... Æмæ сæ ’мбисондæн æрхастон.

#ӕмбисонд
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Уарзондзинад карз низӕй уӕлдай нӕу.

#ӕмбисонд
ФЫДБЫЛЫЗЫ ДЗАУМА.
Топп фыдбылызы дзаума у. Ивтыгъдæй йæ куы ссары, уæд архайы, цæмæй тагъддæр. фæгæрах кæна. Топпы мидæг гилдз нæй — Фыдбылыз дзы сусæгæй гилдз авæры æмæ агуры, чи йæ фехса, ахæм æдылыйы.


АГЪНИАН. Цæрукъаты Дзугка» (Даря), Агънаты Увæдзы чызг.
Цæрукъаты Ал. фыст, 1970 аз, 2 январь.

#ӕмбисонд
Ирон лӕг куы схъӕздыг уа, уӕд кӕнӕ лӕг мары, кӕнӕ хуыцаумӕ мӕсыг амайы.

#ӕмбисонд
ÆРТÆХЦÆГЪДÆН КЪАХ.
Иу хæдзары бирæ чындзытæ уыд. Сæ иу байуарын æрымысыд. Кæд бирæ бинонтæ уыдысты, уæддæр хæларæй цардысты, æмæ ус ницы фæрæзта лæджы сардауынæн.
Бирæ заманты фæцархайдта, уæд дын иу хатт лæгæн куы зæгъид:
— Кусартæй дын дæ лæппуйæн раттынц йæ æртæхцæгъдæн къах.
Лæг бахъуыды дардта, æмæ, æцæгдæр, хæйттæ уаргæйæ, йæ лæппумæ æрхауд, фыс æртæх цы къахæй фæцæгъды, уый. (Цыма цæгъдгæ та кæцыйæ нæ кæны!).
Æмæ рахицæн сты.
Уымæ гæсгæ, æнæ ’фсонæй исчи бинонты цард куы размæнты, уæд ирон адæммæ акæнынц: «Сæ лæппумæ кусартæн йæ æртæхцæгъдæн къах æрхауд...»

Агънианы ныхæстæ, Цæрукъаты Вл. фыст, 1974 аз, 13 март, г. Орджоникидзе.

#ӕмбисонд
ХИН ЛÆДЖЫ КУЫВД.
Кæмæндæр йæ ус Дзыллæ хуынд, йæ чызг — Ацырухс, йæ лæппу та — Фарн, æмæ -иу искуы æмбырды куы уыдис, уæд афтæ куывта:
— Дзыллæ дзæбæх цы уа, ацы рухс кæддæриддæр куыд æрттива æмæ нæ фынгæй фарн куыд никуы фæцух уа, уыцы арфæ уæд!..

Агънианы ныхæстæ, Цæрукъаты Алыксандры фыст—1975 аз, 12 декабрь.

#ӕмбисонд
УАСÆГ ХУРЫСКАСТЫЛ ЦÆМÆН ЦИН КÆНЫ.
Хур, мæй æмæ уасæг цардысты уæларвы. Иу бон хур рацыд, адæмы батавон, зæгъгæ.
Цалынмæ хур фæстæмæ цыдис, уæдмæ мæй уасæджы зæхмæ раппæрста. Хур куы æрбаздæхт, уæд мæйы фæрсы:
- Уасæг кæм ис?
Мæй йын загъта:
- Æз æй зæхмæ аппæрстон.
Уæдæй фæстæмæ уасæг хуры скастмæ рацæуы æмæ йын заргæйæ дæ райсом хорз фæзæгъы. Мæйы та нæ уарзы, йæ фенд дæр ын зын у, æмæ йе скæсын агъоммæ бацæуы хуыссынмæ.

#ӕмбисонд
#цгъойтыхазби
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Ныббарын чи зоны, уымӕй тыхджындӕр адӕймаг нӕй.

#ӕмбисонд