IRON ARGHAW
918 subscribers
1.13K photos
399 videos
362 files
304 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
МÆГУЫР ЛÆГ ÆМÆ ХÆЙРÆГ. Раджыма-раджы уыди иу мæгуыр лæг. Йæ мæгуырæй сфæлмæцыд æмæ æдзух сагъæс кодта. Уæд та, дын, иу хатт рацыд æмæ байбыны раз дурыл сбадт, йæ лæдзæг йæ ныхмæ быцæу сарæзта æмæ хъуыдытæ кæны: «Лыстæг фос уæддæр куы бафтид мæ къухы, кæд фосыл фæхæст уаин!». Куыддæриддæр афтæ ахъуыды кодта, афтæ хæйрæг йæ цуры фев- зæрд æмæ йæ фæрсы:
— Цы кодтай, цæуыл кæуыс, мæгуыр лæг?
— Куыд нæ маст кæнон! Лæг зæхх æмæ фосæй цæры, æмæ дзы мæнæн иу дæр нæй.
Хæйрæг загъта:
— Цæй, кæд бафидауæм, уæд дын æз ратдзынæн лæскъ фондз сæгъы.
— Цæуылнæ бафидаудзыстæм! Цыдæриддæр мын зæгъай, ууыл разы дæн.
— Уæдæ хорз. Мæ фондз сæгъы дын дæттын лæскъ æртæ азмæ. Æртæ азы фæстæ сæртæ мæхи, сæ цот нын иумæйаг, æрмæст дзырдæй: мадæр сау сæгъы аргæвд, мадæр цъæх сæгъы, мадæр урс сæгъы, мадæр хъулоны, мадæр гуымыдзайы, мадæр сыкъаджыны.
Мæгуыр лæг мардæрцыдау фæци æмæ хъуыды кæны йæхинымæр:
— Ахæм фосæй æнæ фос хуыздæр. Ай ныхæстæм гæсгæ мæнæн уыцы сæгътæй аргæвдæн нæй, æмæ ма сæ уæд хизгæ та цæмæн кæнон?
Иучысыл æнæдзургæйæ алæууыд, стæй уæд зæгъы хæйрæгæн:
— Разы дæн дæ ныхасыл, фæлæ æрмæст дзырдæй: сæгътæн сæ уарæн рæстæг куы æрцæуа, уæд-иу мæм мадæр хуыцаубоны æрцу, мадæр къуырисæры, мадæр дыццæджы, мадæр æртыццæджы, мадæр цыппæрæмы, мадæр майрæмбоны, мадæр сабаты. Иннæ бонтæй кæцыдæриддæры æрбацæуай, уæд нæ фæллой адих кæндзыстæм.
Хæйрæг уыцы ныхасыл сразы, æмæ мæгуыр лæг фондз сæгъы йæ хӕдзармæ раскъæрдта.
Æртæ азы куы рацыд, уæд хæйрæг сфæнд кодта йæ фос исынмæ фæцæуын. Фæлæ катай кæны: «Къуыри у авд боны, æмæ, нæ дзырдмæ гæсгæ, мæнæн иу бон дæр бацæуæн нæй. Уæдæ ма цы бачындæуа?» Фæлæ, дын, хæйрæг, бæгуы, не ’рхъуыды кæндзæн: æртыццæг æхсæв* смидæг мæгуыр лæгмæ.
Цы гæнæн ма уыди мæгуыр лæгæн, æмæ байуæрстой сæгъты. Мæстæй судзы мæгуыр лæг: «Уый æнхъæл та кæцæй уыдтæн, æмæ мæм хæйрæг æхсæвыгон цæудзæн. Уымæн исты куы нæ æрымысон, уæдмæ маст аскъуийдзæн».
Иу бон мæгуыр лæг йæ сæгъты хъæдмæ хизынмæ аскъæрдта. Кæсы, æмæ къæвда æрбацæуы.
«Цæй, æмæ мæ дзауматæ ма ныххуылыдз кæнон, кæннод ма мæ уæлæ цы скæндзынæн», зæгъгæ, ахъуыды кодта мæгуыр лæг. йæ дзауматæ раласта æмæ сæ иу стыр къæйы бын бакодта, йæхæдæг къæ- йы сæр сбадти. Къæвда куы фæци, уæд йæ дарæс скодта. Уалынмæ. дын, кæсы, æмæ уæртæ хæйрæг æруайы, йæ дон мизы, афтæмæй. Хæйрæг мæгуыр лæджы уыцы хуызæнæй куы федта, уæд æй фæрсы:.
— Дæ хорзæхæй, куыд нæ ныххуылыдз дæ?
— Къæвдайæн хос зонын, æмæ нæ ныххуылыдз дæн.
— Дæ хорзæхæй, дæхи дзыхæй цы курыс, уый дын дæттын, æмæ мын æй бацамон. .
— Дæ сæгътæ мын ратт, æмæ дын æй бацамондзынæн.
Хæйрæг сразы.
— Кьæвда куы æрбацæйцæуа, — загъта мæгуыр лæг, — уæд-иу дæ дарæс ралас æмæ-иу сæ дæ быны бакæн, стæй сæ фæскъæвда сурæй скæн дæ уæлæ. Хæйрæг мæстæй амарди. Мæгуыр лæг сæгъты йæ разæй скодта æмæ сæ йæ хæдзары балæууын кодта.

*Æртыццæг æхсæв — рагон адæмы куыд уырныдта, афтæмæн хæйрæджытæн æртыццæг æхсæв адæмы æхсæнмæ фæндаг уыди.
#аргъау
БИРӔГЪ ӔМӔ КУЫДЗ.
Бирӕгъ куыдзӕн афтӕ загъта: «Ӕз дын сыллынк-сыллынк бацамондзынӕн, ды та мын фӕд смудын бацамон.» «Хорз,—зӕгъгӕ, загъта куыдз.— Фыццаг уал мын ды бацамон, стӕй та ӕз — дӕуӕн».
Бирӕгъ асыллынк-сыллынк кодта ’мӕ йӕ куыдз уайтагъд базыдта.
«Кӕс-ма мӕм,—дзуры куыдз бирӕгъмӕ,— базыдтон дӕ сыллынк-сыллынк ӕви нӕ?» Асыллынк-сыллынк кодта куыдз ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ ныффардӕг!..
Уырдыгӕй фӕстӕмӕ, дам, бирӕгъ ӕмӕ куыдз знӕгтӕй баззадысты.

#аргъау
#ӕмбисонд
УАСÆГ ÆМÆ РУВАС.
Уасæг бæласыл бады уæлейæ. Рувас æм бацыди æмæ уасæгмæ уæлæмæ дзуры: “Ахæм рæстæг, дам, æркодта æмæ рувасæй, уасæгæй, куыдзæй—иуыл иумæ хъуамæ цæрой".
Уасæг дæр дæлæмæ-дæлæмæ хизын байдыдта, бауырныдта йæ рувасы ныхас.
Уалынмæ дын иу куыдз æрдугъ кæны, æмæ рувас дæр йæ хъус лидзынмæ радта. Уасæг æм фæстейæ дзуры: "Кæдæм лидзыс, рувас?
Рувас æм фæстæмæ дзуры:
— Уый нырма ницы фехъуыста, æнæмбаргæ у æмæ ахæм закъæттæн ницы бамбæрста".

#аргъау
Уый сæ афарста:
— Кæдæм цæут?
Уыдон ын радзырдтой сæ хабар æмæ сын уый афтæ:
— Æз уæ бафидауын кæндзынæн. Калм, ды уæртæ уым æрлæу, дæ сæрылбæрзонд схæц æмæ дзæбæх хъус: æз уе ’хсæн бацæудзынæн.
Стæй уæд мæгуыр лæг лæгмæ дзуры:
— Дæ уæхскыл цы ис?
— Топп.
— Дæ фарсыл та цы ис?
— Æхсаргард.
— Æмæ дæ цæмæн хъæуынц?
— Сæр мæ куы бахъæуа, уæд уымæн.
— Уæдæ ма дæ йенырæй тыхджындæр сæр кæд хъæудзæн?
Лæг, дын æхсаргард фелвæста æмæ калмæн йæ сæр акъуырдта.
Ие, уый калм нæ уыди, фæлæ калмы хуызæн адæймаг.

#аргъау
— Мæ хабар æвзæр нæу,—загъта хæрæг,—фæлæ дæуæй афтæ зæгъынц, кæд, дам, райсоммæ галæн йæ къахне сдзæбæх уа, уæд æй æргæвдгæ кæнæм, зæгъгæ.
Гал æргæвдынæй фæтарст æмæ ма цæй къуылых æмæ- цæй цыдæр! Уыцы сахат йæ къахыл лæууын байдыдта. Уыцы ныхæстæ куыд кодтой, афтæ та сæм сæ хицау хъуыста æмæ хъæрæй ныххудтис хæрæгмæ дæр цас хиндзинæдтæ ис, зæгъгæ

#аргъау
Гал æргæвдынæй фæтарст æмæ ма цæй къуылых æмæ цæй цыдæр! Уыцы сахат йæ къахыл лæууын байдыдта. Уыцы ныхæстæ куыд кодтой, афтæ та сæм сæ хицау хъуыста æмæ хъæрæй ныххудтис хæрæгмæ дæр цас хиндзинæдтæ ис, зæгъгæ..
#аргъау
ДУРДЗАРМ.

Иу æлдар йе ’ххуырстмæ фæдзырдта æмæ йын афтæ зæгъы:
— Абон мын уæлæ уыцы дынджыр дуры царм куынæ растигъай, уæд дын дæхи царм растигъын кæндзынæн!
— Хорз, дæ рын бахæрон, мæ буц æлдар. Æз фосимæ цæуын уæтæрмæ, тагъд фездæхдзынæн, фæлæ зæгъ дæ иннæ æххуырстытæн, æмæ йæ ме ’рцыдмæ уыдон аргæвдæнт.
— Гъæ, уæртæ æдылы хæрæг, — фæхъæр ыл кодта æлдар, — искуыдæр ма федтай дур аргæвдгæ?
Уæд æм æххуырст афтæ дзуры:
— Ме ’рдыгонау, мæ буц æлдар, æргæвдæн цы дурæн нæй, уымæй царм чи стигъын кæны, уый æппæтæй æдылыдæр у.

#аргъау
Афтæ мæгуыр лæг йæ зонды фæрцы фервæзтис хæйрæгæй.

#аргъау
#дудайтыгерсан
ДЫУУÆ ÆФСЫМÆРЫ.
Раджы ма, раджы цардысты æмæ уыдысты дыууæ æфсымæры. Иу бон ацыдысты куыстагур. Бирæ фæцыдысты æмæ бахæццæ сты иу æдзæрæг бæстæм. Æрбамбæлд сыл иу зæронд лæг. Кæрæдзийæн дæ бон хорз загътой. Зæронд лæг сæ афарста:
- Ацы хорз лæппутæ, кæдæм цæут?
- Куыстагур цæуæм, нæ фыдыхай, - загътой лæппутæ.
- Ис мæм иу кусæг æмæ хицауы бынат.
Æфсымæртæ кæрæдзимæ бакастысты.
- Цæй куыд бакæнæм. Райсæм сæ? Уæд цæргæ та кæм кæндзыстæм? - афарстой зæронд лæджы.
Зæронд лæг йæ къахæй зæхх æрхоста æмæ тыгъбыдыры сыгъзæрин галуан фестадис. Галуаны цæрæнуæттæ йемыдзаг уыдысты дарæс, хæлц æмæ сыгъзæрин мигæнæнтæй.
- Ныр уæ зонд æмæ уæ лæджыхъæд, - загъта зæронд лæг æмæ йæ фæндагыл араст.
Æфсымæртæ базыдтой, уый Уастырджи кæй уыд. Бацардысты сæ ног хæдзары, сæ цинæн кæрон нал уыдис. Кæстæр æфсымæр хистæр æфсымæрæн бар радта æмæ равзæрста хицауы бынат. Кæстæр æфсымæрæн баззад кусæджы бынат. Æфсымæртæ æркодтой бинонтæ æмæ хъаны цард кодтой. Кусæг зæххы æмæ фосдарды куыст кодта æмæ йæ куысты æмбисы хай лæвæрдта йа хицау - хистæр æфсымæрæн æмæ кæрæдзи уарзгæйæ цардысты. Паддзах нæ зыдтой, æлдар сын нæ уыд. Кæстæр æфсымæры цот куыд бирæ кодтой, афтæ сын галуан нал фаг кодта цæрынæн æмæ ног хæдзæрттæ арæзта. Хистæр æфсымæры цот размæ нæ цыдысты. Ас лæджы кармæ сæ ничи царди. Иукъорд азты фæстæ Уастырджи йæ фæндаг акодта æфсымæртыл. Загъта, абæрæг сæ кæнон, куыд цæрынц. Кæсы æмæ быдыры стыр сахар. Дис кæны: айæппæт хæдзæрттæ чи сарæзта. Уастырджи йæхи бацамыдта æфсымæртæн. Уæд ын хистæр æфсымæр афтæ зæгъы:
- Дон куы фæнуазын, уæд дæр фыццаг дæуæн фæкувын, фæлæ мæ мæт, мæ сагъæс бирæ у. Мæ цот размæ нæ цæуынц. Зæронды кармæ сæ ничи цæры.
- Хуыцауы æрвыст лæг Уастырджи йæ ныхас никуыма аивта. Æз уын загътон: Ныр уæ зонд æмæ уæ лæджыхъæд. Хи куысты фæллойæ цæрын хъæуы. Ис дын æрмæстдæр иу хос. Дæ кæстæр æфсымæры фарсмæ балæуу æмæ дæ маст дæ сагъæсæй фервæздзынæ.
Хистæр йæ хицаудзинады бынат ныууагъта æмæ балæууыд йæ кæстæр æфсымæры фарсмæ. Йæ цот дæр ныллæууыдысты куысты сæр сæ фыдимæ. Уыцы бонæй зæрыбонмæ цæрын байдыдтой. Абон дæр цæрынц, мæ хуртæ. Уыдон æрцыдмæ сымах бирæ цæрут.

#аргъау
#дудайтыгерсан