IRON ARGHAW
919 subscribers
1.13K photos
399 videos
362 files
304 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
УЫЗЫН ÆМÆ ЦÆРГÆС.

Уызын цæргæсæн лæгъстæ кодта,
тæхын мæ сахуыр кæ, зæгъгæ. Цæргæс йæ коммæ нæ каст,
уызынæн хауынæй тарст.

Нал æй уагъта уызын æхсæвæй-бонæй,
цæргæсæй куырдта.
Уызын кæй рахаудтаид бæрзондæй,
цæргæс уый зыдта
æмæ йæ коммæ нæ каст,
Фæлæ йæм уæддæр уызын нырраст.

Иубон уызыны цæргæс систа
Æмæ йæ арвы милтæм схаста,
«Гъеныр дæ ардыгæй ауадздзынæн, —
загьта цæргæс, —
æмæ тæх,
Фæлæ дæхимæ дæр кæс, —
Дæ быны ма ныккæлæд зæхх».

Уызын бæрзондæй куы ракаст,
уæд ныссырх.
Рауагъта йæ цæргæс, —
Зæххыл сæмбæлд æмæ ныппырх.

#гӕдиатысекъа
#ӕмбисонд
ДОМБАЙ ÆМÆ КЪОГЬОТÆ.

Иухатт дын домбай
Фæцæйцыд кæмдæр,
Саухъæды цоппай
Фæкæны ныр дæр.

Уæд ыл къогъотæ
Æрæмбырд ысты:
Чи — йæ къæдзилы бын,
Чи — йæ дæлæртты, Фындзыхуынчъыты дæр Сбырыдысты.

Домбай афтæ стыхст
Къогъоты хæстæн —
Уæрдæхау здыхст,
Сæр хоста мæстæй.
Йæхи ныттыдта —
Йæ цæсгом, йæ риу.
Къогъоты хæстæй
Сцъæхтæ йæ фиу.
Кæсут, домбайæн
Йæ туг куыд калынц.

Æмвæндæй бирæ
Къæдзæх дæр халынц.

#гӕдиатысекъа
#ӕмбисонд
ХАЛОН ÆМÆ ЦÆРГÆС.

Цæргæс æмæ халон
Лымæнтæ скодтой,
Æнæ кæрæдзийы
Къæбæр нæ хордтой.

Цæргæс халонæн
Кодта лæвæрттæ,
Сæгуыты фиутæ,
Саджы уæлдæрдтæ.

Уæддæр ма халон
Фæлмæнтæ ’взæрста,
Хæйттæ фæсаууон
Йæ рæтты ’фсæрста.

Цæргæс æм дзуры,
Халонæй куры:
«Цы кæныс, халон?
Бирæ дæ уарзын,

Фæлæ дæ хъалон,
Мыййаг, нæ дарын.
Хæйттæ мæ цы ’мбæхсыс?
Фаг дын куы ис лæвар.

Кæд афтæ кæныс,
Уæд цæр дæхи бар».
Ныппæррæст ласта
Цæргæс, сфардæг,

Халоны ныууагъта
Хæдмæлты уазæг.

#ӕмбисонд
#гӕдиатысекъа
Æз æнхъæл дæн, æмæ Лæг хорз куы кæна, уæд уымæй хуыздæр цард нæй; æмæ нæй уымæй хуыздæр хъæлдзæгдзинад, æцæг куы хъуыды кæна, хорз кæй кæны, уый. Ацы хорз амонд æз бавзæрстон æмæ уымæн æвдисæн лæууы мæ намыс. (Сократ)

#зондджынлӕгтыныхӕстӕ
#гӕдиатысекъа
Дыууæ ’фсымæры уыд: иу хъæздыг уыди паддзахады куысты, иннæ та йæ къухты фæллойæ цард.
Хъæздыг æфсымæр иухатт мæгуырдæрæн афтæ зæгъы:
— Ды дæр паддзахады куысты цæуылнæ бацæуыс, цæмæй фервæзай уыцы тыхст мæгуырдзинадæй.
Уымæн мæгуыр æфсымæр загъта:
— Æмæ ды цæуылнæ кусыс, цæмæй фервæзай æгад цагъара- дæй? Зондджынтæ загътой: сызгъæрин рон куы дарай æмæ ис- кæмæн цагъар куы уай, уымæй хуыздæр у, дæхи уды фæллойæ афтид кæрдзыны къæбæр куы хæрай, уæд. Цагъарады бæрæгæн мæ къухтæ мæ риуыл авæр-авæры бæсты мæ къухтæй чъыр æмæ æлыг змæнтдзынæн.

#ӕмбисонд
#гӕдиатысекъа
Дæ лымæнтæй дæ иутæ куы фауой, иннæтæ куы стауой, уæд дæ фауджытæм хæстæг балæуу, де стауджытæй дарддæр ацу. (Талмуд)

#гӕдиатысекъа
#зондджынлӕгтыныхӕстӕ
Цыргъ æхсаргард уæлахиз кæны мах знагыл. Хорз ахуырдзинад ирвæзын кæны мах фыдбылызæй.

#гӕдиатысекъа
#зондджынлӕгтыныхӕстӕ
ФОС ÆМÆ БИРÆГЬТÆ.

Иухатт хъаст кодтой фос бирæгътæй:
«Бахордтой нын нæ фыд,
Банызтой нæ туг.
Ныппырх нæ кодтой иугæйттæй,
Ныххæлиу нæ дзуг.
Скæнæм, — загътой, — куыйтæй
Нæхицæн гæс,
Бирæгътæй исдзысты нæ хæс».
Куыд загътой, афтæ скодтой
Куыйтæй гæс.
Фæлæ ма сын сæ хъуыддагмæ æркæс:
Бирæгътæ куыйтæй нæ тарстысты, — Бирæ уыд сæ бон;
Куыйтæ бирæгътæм ныккастысты Хъахъхъæнын æфсон.
Фæлæ хъахъхъæдтой, цы, исты?
Бирæгъты цур сæ бон уыд ницы.
Куыйтæн дæр сын хъуыд хæринаг,
Бирæгътæ дæр сæ хордтой.
Фос гъеуæд систы мæлинаг,
Сæ бырынкъ зæххыл хостой.

#гӕдиатысекъа
#ӕмбисонд
ХАЛОН
Халон уæрцц ахсынмæ хъавыд,
Уæрцц ын ахсын нæ куымдта;
Уæд бæласæй цæргæс
Халонмæ сдзырдта:
«Бабын уай, — загъта цæргæс халонæн, —
Зон дæ хъару æмæ дæ асы,
Фыдæлтæй баззад æмбисонд:
Халон, дам, уæрцц нæ ахсы.
Фæлтау дæхицæн бад, хæдмæлтыл зил.
Смаггæнаг холытыл та
Дæ бырынкъ стил».

#гӕдиатысекъа
#ӕмбисонд
АРТ ÆМÆ АГ.
Арт тынгдæр-тынгдæр
Аджы бын сыгъди.
Агæн йæ сæр-сæр
Уæлартæй цыди.

«Оххай-гъе, — загъта артæн, — Фыцæгау мæ сфыц.
Цас мын зын кæны дæ цæхæр, Уый дæр-иу æрхынц.

Кæннæуæд æгæр куы стæвд уон, Куы скæлон, мыййаг».
Лæгъстæ йын кодта
Уæлартæй дæр аг.

Арт æм кæм хъуыста, æндзæрста йæхи,
Аг йæ сæрмæ ссыд,
Слæпирдта, — ракалд йæ былтæй, Арт дæр ныххуыссыд.

Хæтæг-хæтæг цæл ары,
Æгæр хæтæг цæф ары.

#гӕдиатысекъа
#ӕмбисонд
ФЫЙЙÆУТТÆ ÆМÆ КУЫЙТÆ.
Фыййæуттæ нæл фыс аргæвстой,
Нард нæл фысы фыд хордтой,
Куыйтæ сæм æнхъæлмæ кæсынц,
Æхсыд стджытæ сын дæттынц.

«Ехх! — загъта зæронд куыдз, — Дзуг мах хъахъхъæнæм,
Сырд, æвзæргæнæг дзугмæ
Æмгæрон нæ уадзæм,
Фæлæ нæ уæддæр тæрынц,
Æхсыд стджытæ нын дæттынц».

#гӕдиатысекъа
#ӕмбисонд
БУЛÆМÆРГЬ ÆМÆ УÆРЦЦ.

Булæмæргъ загъта уæрццæн:
—Хорз кæй зарын, уый тыххæй
Мæн ахæсты фæдарынц.
Телтæй быд чыргъæдæй
Мæн ракæсын нæ уадзынц.
— Ехх! — загъта бынæй уæрцц,
Дæ зарæджы аххос у,
Дæ бырынкъыл хæц.
Маргæ дæ кæй нæ кæнынц, уый хорз,
Ахæстоныл хъæц.

Хатт зарæг дæр бæззы,
хатт зæгъынæй дæр тæрс,
Фадат дын куы уа дзурынæн,
уæд зæгъынæн дæр бæзз.

#гӕдиатысекъа
#ӕмбисонд
«Уæ, мæгуыр нæ бон, уæ, мæгуыр нæ зæхх, Сæхгæдта махыл æнусы къæдзæх».
Иукъорд бонты сæ уынæр хъуыст, стæй бамыр сты, хох сæ аныхъуырдта. Æнæгъдауæй бирæгъы дæр ма хъыгдар.

#таурӕгъ
#гӕдиатысекъа