IRON ARGHAW
908 subscribers
1.12K photos
396 videos
362 files
302 links
«Ирон аргъæутты хорз æвдыст у ирон æвзаджы хъæздыгдзинад. Уый у, æцæг адæмон æвзаг, тыхджын æмæ аив æвзаг, ранæй-рæтты сыгъдæг поэзийау чи азæлы, зæрдæйы чи хизы, ахæм» . Калоты Георг
Download Telegram
АРТ ÆМÆ АГ.
Арт тынгдæр-тынгдæр
Аджы бын сыгъди.
Агæн йæ сæр-сæр
Уæлартæй цыди.

«Оххай-гъе, — загъта артæн, — Фыцæгау мæ сфыц.
Цас мын зын кæны дæ цæхæр, Уый дæр-иу æрхынц.

Кæннæуæд æгæр куы стæвд уон, Куы скæлон, мыййаг».
Лæгъстæ йын кодта
Уæлартæй дæр аг.

Арт æм кæм хъуыста, æндзæрста йæхи,
Аг йæ сæрмæ ссыд,
Слæпирдта, — ракалд йæ былтæй, Арт дæр ныххуыссыд.

Хæтæг-хæтæг цæл ары,
Æгæр хæтæг цæф ары.

#гӕдиатысекъа
#ӕмбисонд
Forwarded from ХОХ
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Мы - не цифры. Мы - не товар.
Forwarded from PAN CAUCASUS
Представители осетинской аристократии в Берлине. Германская империя, 1911 г.

#осетины
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Алы адӕмыхаттмӕ дӕр уыдис , йӕхи фӕндыры
цагъдмдӕ кадджытӕ ӕмӕ таурӕгътӕ чи кодта,
ахдӕм адӕймӕгтӕ. Дӕсны кадӕггӕнджытӕ
нӕ Ирыстоны бирӕ уыди! Бӕркадджын сты
сӕ сфӕлдыстадон бынтӕ - Нарты кадджытӕ,
фыдӕлтыккон таурӕгьтӕ, ӕмбисӕндтӕ ӕмӕ
зарджытӕ. Кадӕггӕнӕг Томайты Мысырбийӕн уыд
йӕхи хъӕлӕс, йӕхи митдуне, ӕууӕлтӕ. Хъыгагӕн,
Мысырби не 'хсӕн нал ис, фӕлӕ йӕ рухс ном, йӕ
зараг хъӕлӕс цӕры ирон адӕмы зӕрдӕты.

Сайт ГТРК "Алания" - http://аlаniаtv.гu/
Томайты Мысырби.
Райгуырд 1904 азы Куырттаты комы, Къорайы. Лӕппу чысылӕй арӕх цыд фыййау ӕмӕ-иу уырдӕм, стырӕй бафтгӕйӕ, йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты йӕ сабион бонтӕ. Хъыгагӕн, бинонтӕ уӕззау маст бавзӕрстой, ӕнӕхъуаджы сæ кӕй скулак кодтой, уымӕй ӕмӕ 12 азы фӕиппӕрд сты Ирыстонӕй. Мысырби хорз арӕхст къухӕй куыстмӕ, фӕлӕ ӕппӕты тынгдӕр йӕ зӕрдӕмӕ арф айста хъисынфӕндыр ӕмӕ ӕдзухдӕр уыд йе ‘мбӕлццон.
Цӕгат Ирыстоны радиокомитет йӕ цӕгъдтытӕй ныффыста цалдӕр ӕмӕ сæм радиомӕхъусджытӕ хъуыстой ӕхсызгонӕй. Йӕ репертуары ма дзӕвгар цӕгъдтытӕ уыд, радиокомитет дӕр ӕм арӕх хатыдысты, цӕмӕй иннӕты дӕр ныффыстаиккой, фӕлӕ бонӕмгъуыды аххосӕй уыдон фыст нал ӕрцыдысты. Мысырби сӕххӕст кодта кадджытӕ «Хуха ӕмӕ Нарсау», «Бадилаты балц», «Иунӕг», «Ӕлдарты Куыцыкк», «Нарты Батрадз», «Софиайы зарӕг», «Къарджиаты фаззӕтты зарӕг», «Дзылаты Дзандзӕбӕхы зарӕг», «Бӕтӕйы фыртты зарӕг», «Къубалты Куыдзыгусы зарӕг», «Майрӕмыхъуаты Дзабойы зарӕг», «Кодзырты Дзӕрӕхмӕты зарӕг», «Уастырджийы зарӕг», кафыны цӕгъдтытӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ.
#иронаивад
ЛӔГ ӔМӔ АРС.
Лӕг ӕмӕ арс бадзырдтой: нӕ дыууӕйӕ райсомӕй хур раздӕр чи фена, уый хӕцдзӕргӕ цард кӕнӕд.
Райсомӕй лӕг хурыскӕсӕнырдӕм кӕсын байдыдта арс та, бӕрзонддӕр цы хох уыди, уый цъупмӕ.
Уалынджы хур бӕрзӕндтӕм скаст, ӕмӕ арс фӕхъӕр кодта:
— Уӕлӕ хур!
Уымӕ гӕсгӕ арс ныр дӕр ма хӕцдзӕргӕ цард кӕны, лӕг та тухитӕ кӕны.
#аргъау
ЗÆРОНД ФÆНДЫРДЗÆГЪДÆГ.

Дард фæндæгтæ... Нал мæ хъæуынц,
— Иххост сыл ныддæн.
Мин фæндаджы цардмæ цæуынц,
Иу фæндаг — мæрдтæм.

Дун-дунетыл цас фæхаттæн,
Мемæ уыд фæндыр.
Иу бон-иу сæндæтты бадтæн,
Иннæ бон — мæгуыр.

Чызджытæн? Куыннæма цагътон,
Фæлæ амонд нæй. —
Фембæлæм,— кæмæн-иу загътон,
Уый мыл худт хъæрæй.

Лæппутæ та — сау уаритæ
Симдтой-иу æмæ
Хъазгæмхасæн сау суаритæ
Баппæрстой мæнмæ.

Бауарзтон æхцайы зæлланг
Амонды хуызæн.
Хъазты-иу мæ уæнгты фæллад
Давдæй фæци сæн.

Дард рæтты, Хуыцауæй разы,
Арфæйаг фæдæн.
Балцвæндæгтæ адæм уарзын
Сахуыр кодтой мæн.

Хорзæй иртасын æвзæры,— Уыйбæрц дæр мæ фæрс.
Чи цæмæй куыдтæтæ цæры,
Хорз базыдтон æз.

Иутæм нæй æфсармы хъæстæ, Фæлæ ссардтой уарт:
Аразгæ бæрзонд ныхæстæй Амайынц сæ цард.

Давынц дыккæгтæ æууæнкæй,
Се ’цæг ном — æмбæхст.
Хурæнгæс чызджыты зæнгтæй
Нал фæисынц цæст.

Иннæтæ сæ сæртæг хъæртæй
Амарынц æгъдау.
Урс бæргæ систы сæ сæртæ,
Зæрдæтæ та — сау.

Цыппæрæм нæ лæууы дзыхъхъы,
Хахуыртæ фыссы.
Чи уæлдæр хицауы дзыппы
’Хцайы бардз тъыссы.

Фæлæ цасфæнды уæнт уыдон,
Хорз лæгтæ — фылдæр.
Растдзинад æмæ фыдæбон
Равзарынц уæддæр.

Зæхх — сæ Хуыцау, æмæ курынц,
Агурынц дзы сой.
Хоры зад хуымтæ сæм худынц,
Хоры хуым — фæллой.

— Чи цас федта, уыйбæрц зоны,—
Загъта-иу фыдæл.
Нал уыд Ир йæ дард бæлццонæн
Сæмбæлын æнхъæл.

Ракæсут-ма, урссæр хæхтæ,
Нал мæ зонут, ау!
О мæ фæндыр, цины зæлтæ
Иры зæххыл тау!

Дард фæндæгтæ...
Нал мæ хъæуынц,—
Иххост сыл ныддæн.
Мин фæндаджы цардмæ цæуынц,
Иу фæндаг — мæрдтæм.

ЧЕДЖЕМТЫ АХСАР.
#иронзарӕг
Зебрӕты астӕу ӕмбӕхст зыгъарӕг, ссарут ӕй.

#сӕрсӕттӕн.
ХЪРЫМЫ ХАН ӔМӔ УЫРЫСЫ ӔРЦЫД.
Раджы кӕддӕр нӕ адӕм Хърымы ханӕн хъалон фыстой. Уӕд дын иухатт иу фиййау иннӕмӕ дзуры, сӕ цуры Биасланты Асланбег лӕууыд, афтӕмӕй: «Тӕхуды -ӕмӕ Биасланты фыртӕй куы уаин!» — «Ӕмӕ цы ракӕнинаг дӕ уӕд?» — афарста йӕ иннӕ фиййау. — «Ӕз Бибертмӕ фӕцӕуин ӕмӕ йын зӕгъин, цӕттӕ у, зӕгъгӕ. Мӕхӕдӕг Хърымы ӕфсад ӕрхонин, Ахсӕуӕты коммӕ йӕ басаин, нӕ адӕмы ӕрӕмбырд кӕнин ӕмӕ ӕхсӕвы Хърымы ныццӕгъдиккам».
Уыцы ныхӕстӕ Асланбег фехъуыста ӕмӕ афтӕ бакодта. Тӕтӕр фӕлыгъдысты нӕ бӕстӕйӕ, ӕмӕ нӕ адӕм та хъалон фидын райдыдтой кӕсӕджы Биаслантӕн— ир дӕр ӕмӕ дыгур дӕр. Уӕд уырыс амы рӕтты нӕма уыдысты ӕмӕ Биаслантӕ иуцасдӕр рӕстӕг афтӕ хъалонисджытӕй уыдысты.
Стӕй фӕзындысты уырыс ӕмӕ Биасланты ныппырх кодтой, дыгур дӕр сӕ сӕхимӕ нал уагътой, ӕмӕ афтӕмшй Биаслантӕ слӕмӕгъ сты.
Фӕстагмӕ уырыс ӕрбацыдысты ӕввахсдӕр ӕмӕ ӕрцардысты Терчы доны былтыл. Нӕ заманы нӕм ӕрцыд Дыгурмӕ Абхаз- инӕлар дӕр фӕци. Уый фӕстӕ нӕм иу гуырдзиаг сауджын, Самарганов Никъалай, зӕгъгӕ, ӕрцыд ӕмӕ чи саргъуыдтаид, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр сомырдӕг лӕвӕрдта. Уӕд аргъуыд ӕрцыд ӕртӕфондзыссӕдз адӕймагыл.

Вс. Миллер ныффыста 1880 азы сӕрды Стыр Дыгуры хъӕуы.
#таурӕгъ
ФЫЙЙÆУТТÆ ÆМÆ КУЫЙТÆ.
Фыййæуттæ нæл фыс аргæвстой,
Нард нæл фысы фыд хордтой,
Куыйтæ сæм æнхъæлмæ кæсынц,
Æхсыд стджытæ сын дæттынц.

«Ехх! — загъта зæронд куыдз, — Дзуг мах хъахъхъæнæм,
Сырд, æвзæргæнæг дзугмæ
Æмгæрон нæ уадзæм,
Фæлæ нæ уæддæр тæрынц,
Æхсыд стджытæ нын дæттынц».

#гӕдиатысекъа
#ӕмбисонд
ДÆ УАТЫ РУДЗЫНГ.

Хæдзæртты цæстытæ судзынц, Калынц ирд тæмæн.
Ам æрмæстдæр иунæг рудзынг
Рухс кæны мæнæн.

Б а з а р д:
Зæрдæ ахсæв дæр дард фæндтыл дзуры,
Фæлæ чи зæгъдзæн раст,
Рудзынгæй мæм амонд худы
Æви судзаггаг маст.

У мæнæн дæ уаты рудзынг
Рухс райсомты хъарм.
У мæнæн дæ уаты рудзынг
Ме ’нусон æфсарм.

Зæрдæ уарзтæй судзы, судзы
Æмæ мысын дæу.
Æнæ уалæ уыцы рудзынг
Цард мын цардау нæу.

ЧЕДЖЕМТЫ АХСАР.
#иронзарӕг
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Цырыхаты Мурат. Дӕ уаты рудзынг.
#иронзарӕг